Архайынц дзы Ирыстоны 24 рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ, æдæппæтæй 120 сабийы
Дзæуджыхъæуы дыууæ боны цæуы республикон конкурс «Иры фидæн». Архайынц дзы Ирыстоны 24 рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ, æдæппæтæй 120 сабийы. Конкурс у æрвылазон. Йæ хæс – мадæлон æвзаг парахат кæнын скъолайы агъоммæйы куыстуæтты хъомылгæнинæгты *хсæн. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Ираныхъæуы рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой булчъы тыххæй аргъау ирон æвзагыл. Сæ курдиат сабитæ *вдисынц республикон æрвылазон конкурс «Иры фидæн»-ы фæлгæты. Цæудзæн дыууæ боны.
Сфæлдыстадон равдыстытæ ирон æвзагыл, зындгонд аргъæутты постановкæтæ, Нарты кадджытæй скъуыддзæгтæ. Республикон конкурс «Иры фидæн»-ы архайынц 120 сывæллоны республикæйы 24 скъолайы агъоммæйы ахуырадон куыстуатæй.
Ирон адæмы культурæмæ уарзондзинад парахат кæнын æмæ æвзаджы фæлтæрдты рæзтыл кусын æнцон хæс нæу. Сценæйы архайд – хъомылгæнджыты æрвылбоны куысты хатдзæг.
Декорацитæ, дарæс, музыкæ, сæйрагдæр та – ирон æвзаджы зæлынад, фидæн кæмæй аразгæ у, уыдоны хъæлæстæй – мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны стыр куысты ирд дæнцæг.




