филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:13 пятница, 10 мая 2024
25 августа 2023, 12:15
Дзæуджыхъæуы фæллой хъахъхъæныны бонмæ арæзт æрцыд мадзал куыстуат «Аланияэнергосеть»-ы

Архайдта дзы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Дзæуджыхъæуы фæллой хъахъхъæныны бонмæ арæзт æрцыд мадзал куыстуат «Аланияэнергосеть»-ы. Архайдта дзы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æркаст, кусджытæ сæрмагонд уæлæдарæсæй, къахыдарæсæй, хъахъхъæнæн фæрæзтæй куыд æххæстгонд сты, уымæ.  Сергей Меняйло ма федта транспорты уавæр дæр. Æдæппæтæй равæрдтой сæрмагонд техникæйы 24 иуæджы. Мадзалы ма архайдтой Æрыдоны, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты электронтыхдæттæг хызты минæвæрттæ – 50 адæймаджы. «Аланияэнергосеть» у æрыгон куыстуат. Пайда кæны республикæйы электрон тыхдæттæг хызтæй. Лæггад кæны Æрыдонæн, Алагирæн, Беслæнæн, Дигорайæн, Мæздæгæн æмæ Дзæуджыхъæуы хайæн. Фидæны куыстуат фæнд кæны горæты йæ архайд фæпарахатдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania