филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:30 понедельник, 06 мая 2024
03 апреля 2024, 12:22
Дзæуджыхъæуы Хъантемыраты Алыбеджы уынджы цæрджытæ тæрсынц сæ гаражтæн

Сæ разы цæуынц арæзтадон куыстытæ

Арæзтадон фарста. Дзæуджыхъæуы Хъантемыраты Алыбеджы уынджы цæрджытæ тæрсынц сæ гаражтæн. Сæ разы цæуынц арæзтадон куыстытæ. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, сын уый зиан æрхæсдзæн сæ исбонæн. Аразæджы бахъуыд быру айсын, цæмæй уæззау техникæйæн территорийы йæ бон кусын уа, уый тыххæй. Уавæрмæ ныр сæ цæст дарынц адæмон фронты минæвæрттæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æдзух уынæр уынджы æмæ фатерты, къæхты бын та, цыма зæххæнкъуыст, афтæ. Ахæм уавæры аххосаг у арæзтад, бæлвырддæр та, уæззау техникæ. Хъантемыраты Алыбеджы уынджы, 6-æм хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кусы æнæрлæугæйæ. Æмæ ууыл адæм сахуыр сты, фæлæ ныр хъуыддаг гаражтæм куы бахæццæ, уæд уыимæ разы ничи уал у.

Гараж æмæ арæзтад хицæн кодта быру. Кусджытæ йæ айстой, уымæн æмæ хъыгдæрдта куыстытæ æххæст кæнын. Хæдзары цæрджытæ тæрсынц, дарддæр сæ агъуыстытæ хъыгдард кæй баййафдзысты, уымæй. Гаражтæ æнæ уый дæр лæууынц æрмæст мæрыл.

Фарста уымæй къуылымпы кæны, æмæ ацы гаражтæ æнæприватизацигондæй баззадысты. Ныр сæйраг хæс у, закъонмæ гæсгæ сæ сфидар кæнын.

Фарстайыл ныртæккæ кусынц профилон ведомствæтæ. Горæты администрацийы минæвæртты уал хъæуы базонгæ кæнын, цæрджытæм цы документтæ ис, уыдонимæ. Уый фæстæ рахиздзысты иннæ къæпхæнтæм.

Адæмон фронты минæвæрттæн аразæг компанийы зæрдæ бавæрдтой, хæдзары цур территоримæ сæм пълæнттæ кæй нæй, стæй гаражтæ цы быру хицæн кодта, уый дæр кæй сног кæндзысты, уымæй. Ныр аразджыты хъæуы сæ сыхæгты зæрдæхудты ма бацæуын, гаражты хицæутты та – приватизаци скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania