филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 16 июня 2024
23 мая 2024, 11:52
Дзæуджыхъæуы иуæндæс скъолайы сæ тæмæны бацыдысты цалцæггæнæн куыстытæ

Ивынц хъармгæнæн системæ, доны æмæ канализацийы хæтæлтæ

Ахуырадон процесс нырыккон уавæрты. Дзæуджыхъæуы иуæндæс скъолайы сæ тæмæны бацыдысты цалцæггæнæн куыстытæ. Ивынц хъармгæнæн системæ, доны æмæ канализацийы хæтæлтæ. Иуæй-иу скъолатæ бындурон цалцæггонд 40 азæй фылдæр нæ уыдысты. Куыстытæ цæуынц паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-мæ гæсгæ æмæ хъуамæ фæуой 2025-æм азы. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Нæ фæндиæгтæ нымад цæуынц. Инспекцион къамис Дзæуджыхъæуы сæргълæууæг Александр Пацоринимæ бæрæг кæны скъолаты цалцæггæнæн куыстыты цыд. Коммуникацитæ, интернет, сывæллæты фæлладуадзæн фæзтæ, суанг ма цавæр ахорæнты хуызтæй сты, уый дæр. Алцæмæдæр лæмбынæг каст цæуы, нырыккон домæнтæ æххæстгæнгæйæ. Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ  бацыдысты сæ тæмæны. Бæстыхайы вестибюль æмæ æртæ уæладзыджы ныридæгæн сты æхгæд. Хъуамæ ивд æрцæуой доны æмæ канализацийы хæтæлтæ, æмæ хъармгæнæн системæ.  Ахæм бæстон куыстытæм ахуыргæнæндоны рагæй æнхъæлмæ кастысты, суанг 1981 азæй нырмæ: скъола йæ дуæрттæ фыццаг хатт уæд байгом кодта.

Дзæуджыхъæуы 11 скъолайы бындурон цалцæг кæнын райдыдтой уалдзæджы. 40 -æм скъола реконструкцигонд цæудзæн дыууæ азы дæргъы. Йæ  иу хайы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, иннæйы та – ахуырадон процесс. Æндæр скъолайы бæстыхаймæ цæуынвæнд нæ кæнынц.  Сывæллæттæ ахуыр кæнынц дыууæ фæлтæрæй.  43 -æм скъола куы байгом, уæдæй нырмæ уæлæнгай цалцæггонд уыд. Ныр ам райдыдтой доны хæтæлтæ ивын, цалцæг кæнындзысты пъадвал дæр.

42 -æм скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ сты сæ райдианы. Мартьийы кæрон æхгæд æрцыдысты райдиан скъола æмæ спортивон зал.

Скъолатæ бындурон цалцæггонд цæуынц паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-мæ гæсгæ. Куыстытæ алы æртæ къуырийы дæр мониторинг кæны инспекцион къамис. Ныридæгæн уал къамисы уæнгтæ, уыдонимæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, цалцæггæнæн куыстыты цыды хъæндзинæдтæ нæ раиртæстой.

Скъолатæ бындурон цалцæггонд  хъуамæ фæуой 2025 азы. Ахуырадон процесс къуылымпы не *ййафы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania