филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:01 пятница, 03 мая 2024
19 марта 2024, 12:00
Дзæуджыхъæуы мысынц, 25 азы размæ горæты сæйраг базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ

Абон теракты бынаты уыдзæн мысæн мадзал

Дзæуджыхъæуы мысынц, 25 азы размæ горæты сæйраг базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. 1999-æм азы 19-æм мартъийы 11 сахаты æмæ 40 минутыл Дзæуджыхъæуы центрон базары срæмыгъд хиконд рæмудзæн. Террористтæ йæ бавæрдтой халсартимæ голладжы. Рæмудзæны тых, тротиллæй баргæйæ, уыдис фондз килограммы. Рæмудзæны тыхы бæрцæй дурæй конд къул ныппырх ис, срæмыгъды уынæр та фехъуыстис Дзæуджыхъæуы дæрддзæф бынæттæм дæр. Фыдбылызы фæмард 52 адæймаджы, 168 адæймаджы та фесты цæфтæ.  Уæд, 21-æм мартъийы æппæт Уæрæсейы дæр расидтысты саударæн бон.  Теракт саразджытæн стæрхон кодтой 2003-æм азы. Адам Цуров цæрæнбонты фæбаддзæн ахæстоны, иннæтæ та – 23 æмæ 10 азы. Террористтæй иу фæмард тæрхоны размæ.

Абон теракты бынаты уыдзæн мысæн мадзал. Адæм цæудзысты дидинджытимæ æмæ суддзысты цырæгътæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania