02 июля 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой æппæтуæрæсеон нывæцæнты регионалон æмæ федералон конкурсы уæлахиздзауты
Федералон æмвæзадыл 5 уæлахиздзауы æмæ 3 лауреаты, регионалоны — 18 призеры
Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой æппæтуæрæсеон нывæцæнты регионалон æмæ федералон конкурсы уæлахиздзауты. Федералон æмвæзадыл 5 уæлахиздзауы æмæ 3 лауреаты, регионалоны — 18 призеры. Фæсивæд сæ зонындзинæдтæ æвдыстой 2 номинацийы: алчидæр хъуамæ йæхи культурæйы тыххæй ныффыстаит иу нывæцæн уырыссаг æвзагыл, иу нывæцæн та ирон æвзæгтыл. Æдæппæтæй дзы Цæгат Ирыстонæй архайдта 150 скъоладзауы. Конкурс арæзт цæуы æвзæгты райрæзты федералон институты хъæппæрисæй. Сæйраг нысан — Уæрæсейы адæмты баиу кæнын, сæ кæрæдзийы культурон хæзнатимæ сæ базонгæ кæнын.
темæмæ гæсгæ




