филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:43 суббота, 05 апреля 2025
03 апреля 2025, 10:40
Дзæуджыхъæуы цæрæг Хъороты Мæдинæ аразы чысыл куклатæ

Раздæр фылдæр архайдта спортæй, ныр та йе *ргом аздæхта сфæлдыстадмæ – уымæн йæ зæрдæйы сæрмагонд бынат ис

Дзæуджыхъæуы цæрæг Хъороты Мæдинæ аразы чысыл куклатæ. Раздæр фылдæр архайдта спортæй, ныр та йе *ргом аздæхта сфæлдыстадмæ – уымæн йæ зæрдæйы сæрмагонд бынат ис. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цы равдыст сарæзтой, уым фенæн ис, историйы йæ фæд чи ныууагъта, уыцы адæмы фæлгонцтыл конд куклатæ. Сæрмагонд бынат дзы ахсы ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Равдыстмæ фæнд кæнынц историйæ скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы архайджыты æрбакæнын.

Куклаты æрыгон авторæн Хъороты Мæдинæйæн ацы куыст у сеппæтæй стырдæр – равдыста йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы мысæн бон. Фæлгонцыл чызг куыста цалдæр мæйы. Афтæмæй, Мæдинæ хæрзæрæджы бабæрæг кодта куклаты равдыст, фыццаг хатт федта, куыд сæ аразынц, уый.

Хъороты Мæдинæ у физкультурæйы ахуыргæнæг. Чызг йæ бинонты æххуыссæй аныгъуылд сфæлдыстады тыгъдады. Æрмæст куклатæ нæ аразы, фæлæ сæ баххæст кæны уникалон æвдисæндартæй. Зæгъæм, Къостамæ ис йæ уацмысты чысыл  æмбырдгонд, йæ зæронд сыфтыл –  нæ зындгонд фыссæджы æмдзæвгæтæ.

Куклатæ аразыны куыст æрмæст сфæлдыстадон цæстæнгас нæ домы, фæлæ стыр лæмбынæгдзинад дæр. Чысыл цæсгом æмæ æнæхъæн фæлгонц саразын, бафтауын сæм хъæугæ элементтæ – æппæт æрмæг дæр у Мæдинæйы къухтæй конд.

Хъороты Мæдинæйæн ацы равдыст у 4-æм иумæйаг æмæ 2-аг – æрмæст йæхи куыстытæй арæзт. Йе сфæлдыстадимæ йын базонгæ уыдзысты, ЦИПУ-йы фæзты историйæ цы æппæтуæрæсеон олимпиадæ райдыдта, уый архайджытæ. Йæ алы экспозицимæ дæр Мæдинæйæн ис уарзон ахаст –  уымæн сæвзæрын кæнынц адæмы зæрдæты рæсугъд æнкъарæнтæ.

Хъороты Мæдинæйæн куклатæ аразын сси уарзон куыст. Ныртæккæ чызг архайы Плиты Иссæйы фæлгонц саразыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania