07 декабря 2022, 11:33
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ зонындзинæдтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты истори зонынæй
Тест ацæуæн уыд республикæйы æппæт районты
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ зонындзинæдтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты истори зонынæй. Тест ацæуæн уыд республикæйы æппæт районты. Сæйрагдæр фæз уыд ахуырады кусджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты. Эксперименты архайдтой 70 адæймаджы, куыд хистæртæ, афтæ сывæллæттæ дæр. Уыимæ фæлтæрæнтæ уыдысты 3 хуызы: бындурон, скъолайы программæйы элементтимæ, стæй уæззаудæр хуыз – профилон. Историйæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны фадат уыд онлайн хуызы. Акци фыццаг хатт арæзт нæ цæуы. Фæлæ йæ ацы аз сбастой æбæрæг салдаты æппæтадæмон бонимæ.