филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:19 пятница, 17 мая 2024
23 марта 2023, 11:46
Дзæуджыхъæуы цæуынц скъолаты æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты директорты дæсныйад фæуæлдæргæнæн ахуыртæ

Мадзалы нысан – ахуыргæнæндæтты разамонджыты бацæттæ кæнын, 5 азы иу хатт чи вæййы, уыцы аттестацимæ

Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты бындурыл цæуынц скъолаты æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты директорты дæсныйад фæуæлдæргæнæн ахуыртæ. Мадзалы нысан – ахуыргæнæндæтты разамонджыты бацæттæ кæнын, 5 азы иу хатт чи вæййы, уыцы аттестацимæ. Мадзал арæзт у дыууæ хайæ, теоретикон æмæ практиконæй. Спикерты хсæн Уæрæсейы рухстауынады министрады 4 минæвары. Директортимæ аныхас кодтой паддзахадон политикæ ахуырады къабазы, ресурстæн, кадртæн æмæ информацийæн разамынд дæттыны темæтыл.  Практикон хайы æрныхас кæндзысты алывæрсыг темæтыл. Ахуыртæ цæудзысты 25-æм мартъийы, æмæ дзы архайдзысты 230 адæймаджы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania