17 мая 2022, 10:42
Дзæуджыхъæуы ЦУМы раз фæзындзæн ног лæвар машинæтæн æрлæууæн бынат
Уыдзæн дзы 40 бынаты
Дзæуджыхъæуы ЦУМы раз фæзындзæн ног лæвар машинæтæн æрлæууæн бынат. Уыдзæн дзы 40 бынаты. Цалцæггæнæн куыстытæ ацы мæй райдайдзысты Коцойты æмæ Зæнджиаты уынгтыл. Подрядон организаци нæма сбæрæг кодтой. Парковкæты фæз фадат ратдзæн горæты центрон уынгтæ фæуæгъддæр кæнынæн, стæй фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнынæн дæр. Ныртæккæ уыцы бынаты зайынц бæлæстæ, фæлæ сын сæ иу хай хъæудзæн акалын, зæгъынц бынæттон администрацийы. Айсдзысты ма фистæгæйцæуджытæн бырутæ дæр.