филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:27 пятница, 19 июня 2026
25 марта 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы уыд форум «ПРО СПО»

Баст уыд, астæуккаг профессионалон ахуырады системæйыл 85 азы кæй сæххæст, уыимæ

Дзæуджыхъæуы уыд форум «ПРО СПО». Баст уыд, астæуккаг профессионалон ахуырады системæйыл 85 азы кæй сæххæст, уыимæ. Мадзал иу фæзы баиу кодта Дзæуджыхъæуы æппæт астæуккаг ахуыргæнæндæтты студентты. Архайдтой дæсныйадæвдисæг ахуырты, квестты, сесситы. Профилон министрады куыд загътой, афтæмæй астæуккаг профессионалон ахуырад республикæйы рæзы, азæй-азмæ фылдæр кæнынц бюджетон бынæттæ.

Полиграфийы æмæ дизайны технологон колледжы 2-æм курсы студенткæ Багаты Татьянæ нырма скъоладзау уæвгæйæ равзæрста фидæны дæсныйад – графикон дизайнер. Куыд зæгъы, афтæмæй сфæнд кодта астæуккаг ахуыргæнæндон равзарын, уымæн æмæ фæстаг азты ахуырадон программæ зынгæ аивта. Ныр ис фылдæр практикон ахуыртæ, сног кодтой материалон-техникон бындур, фæзынд нырыккон æрмадзтæ. Иннæ студенттимæ Татьянæ сси форум «ПРО СПО»-йы архайæг. Баст уыд астæууаг профессионалон ахуырады системæйы 85 азимæ.

Æдæппæтæй форумы архайдта астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты 150 студентæй фылдæр. Бацæттæ сын кодтой цымыдисаг фæзтæ – дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, квесттæ, сесситæ. Се *хсæн – интерактивон лектори дæр. Сарæзтой йæ Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Астæуккаг профессионалон ахуырады системæ азæй-азмæ ахадгæйæ рæзы. Фылдæр кæнынц къабæзтæ æмæ бюджетон бынæттæ. Рæзы абитуриентты нымæц дæр.

Астæуккаг профессионалон ахуырады системæйы 85 азы кадæн афæдзы дæргъы арæзт цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ æмæ форумтæ студенттæн æмæ педагогтæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania