филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:39 понедельник, 06 мая 2024
20 апреля 2022, 11:59
Дзанайты Барис архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды æнтыстджын проекттæ царды уадзыны фæдыл æмбырды

Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Александр Новак

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды æнтыстджын проекттæ царды уадзыны фæдыл æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Александр Новак. Экономикон рæзты министрад Цæгат Кавказы федералон рæзты субъекттимæ иумæ бакуыстой экономикон рæзты модельтыл. Сæ фæлгæты алы регионы дæр ис фæйнæ 5 проекты. Дзанайты Барис радзырдта республикæйы проектты тыххæй. Æдæппæтæй 65 миллиард сомы аргъæн. Ивгъуыд азы ноябры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ацы проекттæ бавдыста УФ-йы Хицауады сæрдар Михаил Мишустинæн. Царды æххæстгонд æрцæудзысты агропромышленнон секторы, транспортон-логистикон æмæ туристон къабæзты. Проекттæ иууылдæр дзуапп дæттынц национ хæстæ æмæ нысантæн. Уымæ гæсгæ сæ сæххæст кæнын у фыццаградон хæстæй иу. Фыццаг проект – «Агропрмышленнон комплекс», йæ фæлгæты арæзт æрцæудзæн 5 дæлпроекты. Абоны онг уал бындур æвæрд æрцыди 678 гектары дыргъдæттæн. Дыккаг проект – ног туристон гæнæнтæ байгом кæнын. Бæлвырддæр та –  алы сезонты чи кусдзæн, ахæм тематикон парк «Алания парк»-ы комплекс байгом кæнын æмæ туристон – рекреацион комплекс «Къæхтысæр» -æн бындур сæвæрын. Æртыккаг проект – балер кæсаджы хæдзарад. Мамысоны æмæ транспортон-логистикон комплексты 4-æм æмæ фæндзæм проекттæ. Александр Новак зæрдæ бавæрдта, федералон центрæй регионæн æмбæлгæ æххуыс кæй цæудзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania