филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:30 пятница, 03 мая 2024
03 апреля 2024, 12:20
Дзанайты Барис бабар кодта бæстон анализ скæнын, хæххон хъæутæн чи лæггад кæны, уыцы æхсæнадон транспортæн

Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуы транспортон лæггæдты къабаз бæстон банывыл кæнын

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис вице-премьер Æгъуызарты Муратæн бабар кодта бæстон анализ скæнын, хæххон хъæутæн чи лæггад кæны, уыцы æхсæнадон транспортæн. Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуы транспортон лæггæдты къабаз бæстон банывыл кæнын. Уæлдайдæр та дæрддзæф хъæуты. æмæ кæд бахъæуа, уæд маршрутон хыз рацаразын. Æмбырды ма ныхас цыд нæ регионы территорийы кемпингтæ аразыны куыстыты дыккаг къæпхæныл. Дзанайты Барис дзырдта ног проектты ахадындзинадыл. Стыр æргом аздахын хъæуы туризмы къабазмæ, цæмæй фылдæр курдиæттæ рвитой паддзахадон æххуысы программæтæм.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania