филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:44 понедельник, 06 мая 2024
22 апреля 2022, 10:33
Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Горæтгæрон районы

Федта, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы арæзтадон объекттыл куыст куыд цæуы, уый

Бæрнон цæстдард. Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Горæтгæрон районы. Федта, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы арæзтадон объекттыл куыст куыд цæуы, уый. Уыимæ ма базонгæ районы фыццаградон хæстимæ.

Уалдзæджы Джыдзæлы дыккæгæм скъолайы райдайдзæн капиталон цалцæг. Ахуыргæнæндон хæссы Советон Цæдисы хъæбатыр  Доййаты Давиды ном. Октябрьмæ хъуамæ ивд  æрцæуа хъармдæттæн системæ, бæстыхайы сæр, уыимæ зæронд хъæддзауматæ. Ныртæккæ уæззау уавæры у скъолайы хæрæндон дæр. Фæлæ æппæт уыцы хъуыддæгтæй уæлдай ма дзы фарстайаг у зынгсирвæзты ныхмæ системæ.

Ногиры фыццæгæм скъолайы  реконструкци та фæхæццæ кæны кæронмæ. Æнусмæ хæстæг цы бæстыхайыл цæуы, уым сарæзтой ног корпустæ, баивтой йын йæ сæр, коммуникацитæ, базылдысты скъолайы алфамбылайы территоримæ.

Ай та у Архонкæйы скъола.  Бæстыхай арæзт æрцыд  1902-æм азы.  Фыдыбæстйы Стыр Хæсты рæстæг та дзы уыд æфсæддон госпиталь. Уæвгæ скъолайы ахуыр кодта Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Масленников. Йæ ном ын сæнусон кодтой ахуыргæнæндоны къулыл. Абон дзы ис 700 скъоладзауы. Нырыккон домæнтæн йæ уавæртæ æххæстæй дзуапп кæй нал  дæттынц, уымæ гæсгæ йæ бахастой  программæ « Ахуырады райрæзт»-мæ. Ныр зæрдæ дарæн ис, хуыздæр уавæртæ дзы кæй фæзындзæн, ууыл.

Кæронмæ фæхæццæ кæны Октябрьскæйы  поликлиникæйы  реконструкци дæр.  Подрядон организаци рахæццæ медицицнон корпусы аивгæнæн куыстытæм. Æппæт хъуыддæгтæ феныны фæстæ, Дзанайты Барис сарæзта хатдзæгтæгæнæн æмбырд. Ныхас дзы цыд Горæтгæрон районы социалон-экономикон райрæзтыл.

 Муниципалон сконд фылдæр æргом раздæхта цæрæнуæтты – коммуналон къабазмæ, стæй Горæтгæрон районы доны хызтæ баивыны хъуыддагмæ.  Уыимæ сбæрæг кодтой ацы азы фыццаградон хæслæвæрдтæ – саразын скъола, фельдшерон-акушерон пункт,   уæлæмхасæн ахуырады центры реконструкци скæнын. Районы бюджеты бавæрæн та, ацы азæн у  900 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania