филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:46 суббота, 27 апреля 2024
11 августа 2023, 13:11
Дзанайты Барисæн ма кусæг фембæлд уыд Мæскуыйы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Центрон музейы директор Александр Школьникимæ

Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл, стæй Беслæны æппæтадæмон культурон-патриотон Центры рæзтыл

Дзанайты Барисæн ма кусæг фембæлд уыд Мæскуыйы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Центрон музейы директор Александр Школьникимæ. Йемæ нæ республикæмæ ссыдысты музейты департаменты директор Денис Милюков æмæ компанийы музейон экспозициты продюсер Елена Воскресенская. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл, стæй Беслæны æппæтадæмон культурон-патриотон Центры рæзтыл. Специалистты къорд архайдзæн Центры экспозицион пълан саразыныл. Проектмæ гæсгæ компани «СКИФОС-РСК» ныридæгæн бакуыста объекты рацарæзтыл. Центры равæрдзысты Беслæны трагедиимæ баст экспозици. Спайда кæндзысты нырыккон музейон технологитæй. Проектон уынаффæтыл ныхас кодтой «Беслæны мадæлты» комитетимæ æмæ теракты хъыгдардбаййафджытимæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм центр саразын у тынг ахсджиаг нæ республикæйæн. Сæйрагдæр нын у теракты амæттæгты рухс ном хъуыды кæнын. Уый тыххæй та Музей хъуамæ цæра, – загъта премьер.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania