филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:38 понедельник, 13 мая 2024
31 августа 2023, 13:35
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд Хицауады æмбырд, уыимæ – ацы хатт ацыд Алагиры районы

Министрадты минæвæрттæ бабæрæг кодтой социалон бæстыхæйттæ

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд Хицауады æмбырд, уыимæ – ацы хатт ацыд Алагиры районы. Министрадты минæвæрттæ бабæрæг кодтой социалон бæстыхæйттæ. Уыдысты сывæллæтты реабилитацион центр «Тæмисчъы», æркастысты дыууæ хиды цалцæггæнæн куыстытæм, стæй дондзæуæн системæ куыд ивынц, уымæ дæр.

РЦИ-А-йы фæллойы æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алинæ бабæрæг кодта сывæллæтты реабилитацион центр «Тæмискъ». Ам æрвылаз се нæниздзинадмæ базилынц иу мин æмæ 500 адæймаджы онг. Уымæй уæлдай ма фарон, мартъийы центры байгом кодтой, Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй, стæй Запорожьейы облæстæй адæм кæм æрбынат кодтой, ахæм пункт.

Црауы та Алагир – Црау – Урсдоны фæндæгтыл цалцæг кæнынц дыууæ хиды. 3-æгæм æмæ 7-æм километры. Проект царды рауагътой национ программæ «Æдас фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ. Цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты декабры.

Алагиры ивынц доны хæтæлтæ. Федералон проект «Сыгъдæг дон»-ы фæлгæты ацы ран 3 азмæ хæтæлтæ баивдзысты 11 уынджы. Куыстытæ фесты Ленины æмæ Хетæгкаты Къостайы уынгты. Ныридæгæн та кусынц Дзержинскийы уынджы. Куыстыты фæстæ уынгтæ бафснайдзысты æмæ  сæ срæсугъд кæндзысты.

Уæдæ æркастысты Алагиры фæсивæдон спортивон скъоламæ дæр. Ам архайынц 700 адæймаджы онг уæгъдибар хъæбысхæстæй, уæззау атлетикæйæ, гимнастикæйæ æмæ футболæй. Бæстыхайы у базилинаг.

Федералон проект «Чистая среда»-йы программæмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны рекультиваци скæндзысты 4 бырондоны. Уыдон та – Беслæны, Æрыдоны æмæ Дигорайы. Алагиры бырондон бацахста 7 гектары. Подрядчик куыд загъта, афтæмæй бырæтты 60 проценты æфснæйд æрцыдысты. Куыстытæ та фæуыдзысты ноябрмæ.

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта Алагиры скъола – интернат дæр. Скодтой дзы бындурон цалцæг. Баивтой дзы электрон æмæ хъармгæнæн системæтæ, базылдысты цæлгæнæнмæ, спортивон фæзмæ æмæ кабинеттæм. Уымæй уæлдай ма дзы баивтой хъæдæрмæг дæр.

Уæдæ бындурон цалцæг кæнынц кинотеатр «Фæскомцæдисон»-ы дæр. Куыстыты фæстæ историон бæстыхай уыдзæн горæты культурæйы хæдзар. Ныридæгæн дзы фæхъæддыхдæр кодтой бæстыхайы бындур æмæ сæр, стæй йæ къултæ. Подрдчик куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ цæуынц æмгъуыдæй раздæр. Алагиры районы социалон – экономикон райрæзты фарстатыл æрдзырдтой хицауады æмбырды. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй районы кæнынц егъау куыст, æмæ йæ хъуамæ мацы фæкъуылымпы кæна.

Æмтгæй райсгæйæ, Алагиры районы райрæзтæн 2 азмæ рахай кодтой 6 миллиард сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй аразынц социалон – ахсджиаг инфраструктурæйы модернизаци, стæй царды уадзынц адæмæн æххуысгæнæн мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania