филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:40 воскресенье, 12 мая 2024
18 августа 2023, 11:17
Дзанайты Барисы разамындæй ацыдис цæрæнуæтты-коммуналон къабазы фарстаты фæдыл æмбырд

Сæйрагдæр дзырдтой республикæйы хъæутæ донæй куыд æххæст сты, ууыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыдис цæрæнуæтты-коммуналон къабазы фарстаты фæдыл æмбырд. Сæйрагдæр дзырдтой республикæйы хъæутæ донæй куыд æххæст сты, ууыл. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй бирæ хъæстытæ цæуы Горæтгæрон, Алагиры, Æрыдоны, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районтæй.  Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм дон кæнæ æппындæр нæ хæццæ кæны, науæд та кæлы æртæхгай.  Профилон министр Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй специалисттæ æвзарынц алы курдиат дæр. Уыимæ хъæутыл зилынц машинæтæ. Уыдон цæрджытæн сæ хæдзæрттæм ласынц нуазыны дон. Министры фиппаинагмæ гæсгæ, дон нæ фаг кæны сæрдыгон афоны тыххæй. Уыимæ иуæй-иу бынæтты ис къуылымпыдзинæдтæ электрон тыхимæ. Премьер-министр бадомдта, цæмæй фæахадгæдæр кæной сæрмагонд службæты куыст æмæ æвæстиатæй архайой донимæ баст фарстатæ лыг кæнын.

Æмбырды архайджытæ дзырдтой Алагиры хъармдæттæг хызты рацарæзтыл дæр. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй проект æххæст кæнынц территориты райрæзты фонды, стæй национ хæрзæбоны фонды фæрæзтæй. Программæйы фæрцы рацараздзысты 21 хъармгæнæны. Уыимæ базилдзысты 15 хъармгæнæнмæ, стæй сæхгæндзысты, сæ куысты æмгъуыд кæмæн фæцис, уыцы объекттæ. Уыцы куыстытæн бахъæудзæнис 200 милуан сомы бæрц. Ныртæккæ уал кусынц проекты сметæйыл. Дзанайты Барис бабар кодта, цæмæй саразой архайды бæлвырд фæтк æмæ йæ æххæст кæной æнæкъуылымпыйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania