филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:43 вторник, 07 мая 2024
28 марта 2024, 13:52
Елхоты 1-æм скъолайы йæ рауагъдон Милдзыхты Эдуарды номыл байгом кодтой Хъæбатыры партæ

Фæмарди сæрмагонд æфсæддон операцийы

Елхоты 1-æм скъолайы йæ рауагъдон Милдзыхты Эдуарды номыл байгом кодтой Хъæбатыры партæ. Фæмарди сæрмагонд æфсæддон операцийы. Мадзал æххæстгонд æрцыди ахуыргæнæндоны хъæппæрисæй. Кадджын мадзалы архайдтой Эдуарды хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, йе мкъласонтæ, Кировы районы ахуырады управленийы минæвæрттæ æмæ хъæуы разамынд. Партæйы уæлхъус æрбадыны бар фыццаг радтой хъæбатыры лæппу, 9-æм къласы ахуырдзау Милдзыхты Сæрмæтæн. Кæстæр сержант Милдзыхты Эдуард, сæрмагонд æфсæддон дæлхайады службæгæнæг, Лæгдзинады Ордены кавалер хорзæхгонд уыди алы къæпхæнты майдантæй æмæ хæрзиуджытæй. Райгуырд æмæ схъомыл Елхоты. Уыд Дзæуджыхъæуы хæххон-металлургон техникумы æмæ Елхоты бирæвæрсыг колледжы рауагъдон. Куыста мидхъуыддæгты министрады. Йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ хъæбатырæй фæмарди Мариуполь уæгъдгæнгæйæ 2022-æм азы. Цыдис ыл 45 азы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania