Бæлвырддæр та — зайæгойты куыст кæнынмæ
Елхоты бирæвæрсыг колледжы стыр æргом здæхт цæуы хъæууон хæдзарады рæзтмæ. Бæлвырддæр та — зайæгойты куыст кæнынмæ. Иумæйагахуырадон предметтæй дарддæр ма лæппутæ æмæ чызджытæ зонгæ кæнынц агрономийы æмæ биологийы бындуртимæ. Уыцы зонындзинæдтæ та сфидар кæнынц практикæйæ — сæхи къухтæй конд хъармуаты. Лæппутæ æмæ чызджытæ тынг цымыдисæй архайынц. Куыд сын æнтысы, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Раст хуымтæ, æмбæлгæ температурæ æмæ уымæлад, иу дзырдæй æппæт уавæртæ — хæрзад халсартæ æрзайын кæнынæн. Фыццаг бакастæй зын бауырнæн у, ацы хъармуат фæсивæд сæхи къухтæй кæй скодтой, уый.
БицъотыГеоргий, куыд йæ иннæ мгæрттæ, афтæ Елхоты бирæвæрсыг колледжмæ æрбацыд, скъола каст фæуыны фæстæ. Бафæндыд æй зайæгойты дуне иртасын. Æрыгон лæппуйы хъуыдымæ гæсгæ — ацы къабазæн ис хорз фидæн. Ныртæккæ дæр ын ис стыр æнтыстдзинæдтæ.
Иумæйагахуырадон предметтæй дарддæр ма лæппутæ æмæ чызджытæ зонгæ кæнынц агрономийы æмæ биологийы бындуртæ. Уыцы зонындзинæдтæ та сфидар кæнынц практикæйæ, сæ хъармуаты.
Æнæ практикæйæ, фæсивæд сæ ахуырты цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдон афтæ ахадгæ нæ вæййынц, зæгъынц ахуыргæнджытæ. Нырыккон хъæууон хæдзарадæн æнæмæнг хъæугæ сты æрыгон специалисттæ. Уый тыххæй та нæ республикæйы бирæ хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ æрбахонынц студентты сæ практикæмæ.
Лæппутæ æмæ чызджытæ сæхæдæг тынг цымыдисæй архайынц. Сæ фылдæры фæнды ахуыры фæстæ хъæууон хæдзарады къабазы рæзтыл кусын. Хъармуаттæй дарддæр ма ацы колледжы кусджытæм æмæ студенттæм ис æндæр фæндтæ æмæ нысантæ. Зайæгойты куыст — у егъау комплекс. Уымæ гæсгæ ахуыры азы дыккаг æмбисы фæнд кæнынц сæхи дыргъдон саразын.




