19 июня 2026, 10:33
Фæсивæды Галуан «Электрон»-ы арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт «Батагъд кæнут хорз хъуыддæгтæ кæнынмæ»
Æппæт фæрæзтæ схардз кæндзысты сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзыны кампанийыл
Фæсивæды Галуан «Электрон»-ы арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт «Батагъд кæнут хорз хъуыддæгтæ кæнынмæ». Æппæт фæрæзтæ схардз кæндзысты сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзыны кампанийыл. Арвитдзысты сæ Сау денджызы былмæ. Концерты архайдтой Цæгат Кавказы республикæты зындгонд зарæггæнджытæ. Сценæмæ рацыдысты Уæрæсейы адæмон артисттæ: Макка Межиева, Рашид æмæ Шамсудин Багатаевтæ, Эльдар Муслимов, стæй цалдæр æндæр коллективы. Концертон программæйы ма архайдтой театралон студи «Радуга»-йы хъомылгæнинæгтæ. Студи кусы инвалид-сывæллæтты реабилитацион центр «Алани»-йы. Ахæм ахсджиаг æххуысы фæрцы ацы сæрды Сау денджызмæ абалц кæндзысты 30 инвалид сывæллоны.
темæмæ гæсгæ




