филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:32 пятница, 17 мая 2024
22 марта 2023, 11:49
Фæстаг рæстæг Паддзахадон программæты фæрцы  фæсивæды зондахасты райрæзтæн фæзынд фылдæр гæнæнтæ

Ацы къуыри цалцæгмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Æрæфы районы дыууæ скъолайы – Хæзныдон æмæ Мæхческы

Фæстаг рæстæг Паддзахадон программæты фæрцы  фæсивæды зондахасты райрæзтæн фæзынд фылдæр гæнæнтæ. Сæ фарн хæццæ кæны хъæутæм дæр.  Ацы къуыри цалцæгмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Æрæфы районы дыууæ скъолайы – Хæзныдон æмæ Мæхческы. Сосранты Жаннæ бабæрæг кодта  Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъола. Базыдта сывæллæтты æнкъарæнтæ.

Алкæйы дæр фæнды царды домæнтимæ æмдзу кæнгæйæ фидæнмæ цæуын.  Хæзныдоны скъолайы ахуырдзаутæ кæд зивæг кæнынц æндæр хъæуы скъоламæ цæуынмæ, уæддæр цин кæнынц, рæхджы сæ ахуыргæнæндон кæй фæрайдзастдæр æмæ дзы фылдæр уавæртæ кæй фæзындзæн сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн, ууыл.

Уæвгæ быдырон хъæутæй, Хæзныдонæй раздæр бирæ рæтты нæ фæзынд скъола. Ам ахуыргæнæндон гом æрцыд 1926-æм азы. Уæды рæстæджы  уавæртæ куыд амыдтой,  афтæмæй архайдтой ам дæр. Кæд зын рæстæг уыд, куыд хæсты рæстæг, афтæ хæсты фæстæ дæр, уæддæр хъæуккаг фæсивæд ахуырыл стырзæрдæ нæ кодтой. Тырныдтой размæ, æмбæрстой йæ  æнæ ахуыргонд адæймагæн зын кæй у алы рæстæгдæр цæрын. Скъола каст чи фæци , уыдонæй  бирæтæ систы стыр ахуыргæндтæ, зындгонд адæм, сæ Бæстæйæн, сæ райгурæн хъæуæн пайдайаг минæвæрттæ. 1991–æм азы та иу уæладзыгон дурын бæстыхайæ йæ ахуырдзаутæ  бацыдысты ног арæзт дыууæ уæладзыгонд ахуыргæнæндонмæ. Ныр  30 азæй фылдæрмæ Хæзныдоны сабитæн сæ ахуырмæ фæндаг сси райдзастдæр. Уыцы рæстæгмæ скъола бындурон цалцæггонд никуы уыд,  фæлæ хъæуæй рацæуæг амалхъом адæмы фæрцы та йыл рæстæджы цыд бынтон æвзæр фæд нæ ныууагъта, фæлæ нырыккон домæнтæн дзуапп дæдтынхъом та нал сты йæ авналæнтæ.

Ныртæккæ скъолайы ахуыр кæны 90 сывæллоны онг. Кæд кълæстæ сæ бакастæй бæллиццаг нал сты, уæддæр ахуыргæнджытæ сывæллæттимæ архайынц æппæт, ахуырадон процессы ног домæнтæ хынцгæйæ. Ныр йæ адарддæр кæндзысты Толдзгуыны скъолайы. Сыхаг хъæумæ сывæллæттæ ласынæн та сын хорз æххуыс фæуыдзæн æрæджы сын цы ног автобус радтой, уый. Ис дзы цыппар æмæ ссæдз бынаты. Æххæст у æдасдзинады æппæт домæнтæй дæр.

Уæвгæ Æрæфы районы ацы ахуырады аз цалцæггонд æрцæудзæн дыууæ скъолайы. Сæрмагонд программæйы фæрцы хъæуты цæрæг сывæллæтты гæнæнтыл фæзындзæн.

Афтæ фæзæгъынц – ахуыр кæнын кæй фæнда, уый алы ран дæр йæ зонды  райрæзтыл архайдзæн. Æнæмæнг уый афтæ у.  Фæлæ бæстыхаймæ бацæугæйæ уд райдзаст æнкъарæнтæй куы дзаг кæна, уæд цымæ  сывæллон ахуырмæ, зонындзинæдтæ райсынмæ фылдæр æмхиц кæй кæны, уымæн дæр ис бирæ дæнцæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania