27 марта 2024, 11:59
Фæзынд хъусынгæнинаг, зæгъгæ скъоладзаутæм æбæрæг адæм дзурынц сæ телефонтæм, æмæ сын æхцайыл кæнын кæнынц æнæзакъон митæ
Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ курдиатимæ сиды скъоладзауты ныййарджытæм, цæмæй ацы бонты уой уæлдай къæрцъхъусдæр, фылдæр архайой сæ сывæллæттимæ
Ацы бонты фæзынд хъусынгæнинаг, зæгъгæ скъоладзаутæм æбæрæг адæм дзурынц сæ телефонтæм, æмæ сын æхцайыл кæнын кæнынц æнæзакъон митæ. Фæсивæд æвæстиатæй уый тыххæй фехъусын кодтой сæ ныййарджытæн. Уыдон та фæсидтысты барадхъахъхъæнæг оргæнтæм. Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ курдиатимæ сиды скъоладзауты ныййарджытæм, цæмæй ацы бонты уой уæлдай къæрцъхъусдæр, фылдæр архайой сæ сывæллæттимæ. Исты дызæрдыггаг хъусынгæнинаг куы фæзына, уæд хъуамæ æнæмæнг бадзурой мидхъуыддæгты министрадмæ.