филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:55 пятница, 10 мая 2024
29 августа 2023, 11:21
Фидар удыхъæды æмæ иттæг хорз дохтыры курдиаты хицау, ацы миниуджыты аккаг у æфсæддон дохтыр Эдгар Макаренко

Тохы быдыры ирвæзын кæны нæ салдæтты

Фидар удыхъæды æмæ иттæг хорз дохтыры курдиаты хицау. Ацы миниуджыты аккаг у æфсæддон дохтыр Эдгар Макаренко. Тохы быдыры ирвæзын кæны нæ салдæтты. Уæрæсейы паддзахадон хъуыдытæ æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд кадджын паддзахадон хæрзиуджытæй.

Цæгатирыстойнаг хирургтæ адæймаджы аирвæзын кодтой тохы быдыры. Æфсæддон дохтырты бригады сæргъы уыд Эдгар Макаренко. Ракетон снарядтæй схъис ратахт æмæ бахъыгдæрдта æфсæддоны зæрдæ. Баластой йæ рынчындонмæ, фæлæ фесæфта бирæ туг. Дохтырты хъуыдис рæвдз архайын, цæмæй адæймаджы аирвæзын кæной, уый тыххæй. Хирургтæн уыд æрмæстдæр 2 минуты, цæмæй операци кæнын райдайой, уый тыххæй.

Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй адæймаджы царды сæраппонд цы тох цыд, уым медицинон бригад фæуæлахиз сты сæ арæхстдзинады, æмæ кæрæдзийы æнæ ныхасæй кæй æмбарстой, уый руаджы.

Быдырон рынчындон хъæуы, цæмæй адæймаджы цæфы фæстæ йæхимæ æрцæуын кæной, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ у гыццыл, фæлæ йæ гæнæнтæ сты æнæхъæн рынчындоны хуызæн. Ифтонг у алыхуызон кусæнгæрзтæй. Цæгатирыстойнаг хицæн медицинон батальонæн ма дзы ис мобилон рентген – кабинет дæр.

Ис дзы бæлвырд домæнтæ. Медицинон бæстыхайы æмæ эвакуацион машинæты æддаг бакаст нæй исæн, цæмæй сæ знаг ма базона, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ медицинон къорд сырх дзуæрттимæ машинæтыл дæр нал цæуы.

Æхстытыл сахуыр кæнæн нæй, фæлæ уыдоныл хъуыдыгæнгæйæ хъуамæ дохтырты куыст ма фæкъуылымпы уа. Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, дохтыртæ ирвæзын кæнынц адæмы.

Тохы быдыры бирæ адæм фæцæф вæййы. Контузи, минæтыл чи ныллæууыд, схъистæ кæуыл суадысты, ахæм адæм арæх æрбаласынц рынчындонмæ. Нæмыджы цæф чи баййæфта, уыдон 20 процентæй фылдæр не сты. Фæлæ дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæтæй зындæр архайæн у, схъистæ кæуыл сæмбæлыдысты, уыцы адæймагимæ.

Хицæн медицинон батальон у, хуыздæр æмæ фæлтæрдджын дохтыртæ кæм ис, ахæм бынат. Зындзинæдтæ тæссаг не сты, хъæугæ кусæнгæрзтæ сæм куы уой, уæд.

Эдгар Макаренко Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй. Фæлæ Георгий Жуковы номыл æмæ «Æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæ сты,  дохтыр уæлдай сæрыстыр кæмæй у, уыдон.

Уæззау цаутæ уынгæйæ адæймаг куы сфæлмæцы, уыд ын æвдадзы хос вæййы æрмæстдæр иу – Райгуырæн Бæстæ æмæ йæ бинонтæ. Уарзон цардæмбалы æмæ ныййарæджы ссыдмæ бинонтæ æнхъæлмæ кастысты 6 мæйæ фылдæр.

Хæдзары Эдгар Макаренкойы бинонтæ зонынц, хæсты быдыры цы тох фæкæны, уый тыххæй. Адæмы цард ирвæзынгæнгæйæ тох фæкæны сæ царды сæраппонд. Æмæ афтæ у алы дохтыры сконд дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania