филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 04 мая 2024
19 июля 2023, 12:04
Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй Ирыстон кæддæриддæр уыд хъæздыг æмæ дæнцæгæн хæссинаг

Дыууæ фсымæры Владимир æмæ Барис сæхи хъæбатырæй равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй Ирыстон кæддæриддæр уыд хъæздыг æмæ дæнцæгæн хæссинаг. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы нæ уацхæссæг Хæуытаты Зитæ ракæндзæн Бицъиты бинонты кой. Дыууæ фсымæры Владимир æмæ Барис сæхи хъæбатырæй равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Лæвæрд сын æрцыд кадджын æфсæддон хæрзиуджытæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг райгуырæн бæстæйы сæрæппонд знагимæ чи хæцыд, уыдонимæ уыдысты Ольгинскæйæ  Бицъиты Тузары кæстæртæ дæр-Валодя æмæ Барис.

Уыдысты амалхъом  æмæ  бирæсывæллонджын бинонтæ. Сывæллæттæ каст фесты цыппаразон хъæууон  скъола.

1934 азы сын сæ мулкъ байстой, æмæ бинонты  арвыстой Казахстанмæ.

Уым сæ æрæййæфта Фыдыбæстæйы  Стыр  хæсты сау хабар…

Тузары хистæр фырт Владимир, хæстæ хабар фехъусгæйæ, тындзыдта тохы быдырмæ. Разыйы дзуапп  ын нæ лæвæрдтой æфсæддон къæмисарады, уæддæр нæ ныллæуыд.1941 азы фыццæгтимæ æрвыст æрцыд æмæ цыбыр рæстæджы фæстæ йæхиуыл æнæауæрдгæйæ хæцыд  знагимæ. 1943  азы 11-æм такон корпусы рæнхъыты Белорусийы арæныл знагимæ тохты, фæци тынг уæззау цæфтæ.Бомбæйы срæмыгъдæй хъыгдард æрцыд йæ сæрыкæхцы иу фарс, къух æмæ къах. Йæ хæстон æмбæлттæ йæ бахæццæ кодтой госпитæльма. Фæци дзы дзæвгар рæстæг. Йæхиуыл куы фæхæцыд, уæдта ногæй тындзыдта хæсты бæдырмæ, фæлæ йын дохтыртæ бар нал радтой.. Йæ сгуыхтдзинæдты тыххæй  та йын цы хæрзиуджытæ саккаг кодтой, уыдоны хсæн ис  «3-æм къæпхæны Намысы орден», майдан -«За Победу над Германией в ВОВ».

Бицъиты Тузарæн йæ иннæ фырт Барис дæр йæ хъæбатыр æмæ лæгдзинадæй  йе фсымæрæй фæстæдæр нæ баззад. Хæсты хабар йæ æрæййæфтæ йе фсæддон службæ хæсгæйæ. Уый дæр тохы бæдæрмæ æрвыст æрцыд фыццæгтимæ. 21 аздзыд æвзыгъд ирон лæппуйы бирæ уарзтой æрмæст йæ хæстон æмбæлттæ нæ, фæлæ ма æфсæддон командыкæнынад дæр.

1943 азы бинонтæм æрбацыд сау гæххæтт, æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ…Фæлæ  сау хабарыл не ууæндыдысты бинонтæ… Цыбыр рæстæджы фæстæ та райстой фыстæг госпитæлæй, Барисæн йæхицæй. Сæ цинæн ма кæрон кæм уыд…

Госпитæлы фæстæ та Барис ногæй æрлæууыд йе хæстон æмбæлтты æхсæн æмæ дарддæр дæрæн кодта тугдзых знæгты. Уæлахизы хабар йыл сæмбæлд Белорусийы зæххыл.Йæ хæрзиуджыты хсæн та йæхицæн зынаргъдæрыл нымадта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дыккæгæм къæпхæны орден.

Уыцы рæстæгмæ йæ бинонтæ фæстæмæ æрцбаздæхтысты Ирыстонмæ  æмæ йыл сæмбæлыдысты цины цæссыгтимæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты Барис йæ амонд ссардта, скодта бинонтæ. Банкъардта хъæбулы ад. Фæкуыста бæрнон бынæтты. Уыд фæзминаг бинонты хистæр.Федта ма йæ цоты хурты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania