филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:26 среда, 15 мая 2024
09 марта 2023, 12:30
Фыдыбæстæйæн службæ кæнын хуымæтæг дзырдтæ не сты, фæлæ сæйраг нысан

Уый зонынц, ныртæккæ цы кадеттæ ахуыр кæнынц, уыдон

Фыдыбæстæйæн службæ кæнын хуымæтæг дзырдтæ не сты, фæлæ сæйраг нысан. Уый зонынц, ныртæккæ цы кадеттæ ахуыр кæнынц, уыдон. Сæрмагонд форумы рæзгæ фæлтæр равдыстой сæ алывæрсыг арæхстдзинад. Семæ фембæлд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъæрæй, бæлвырд, æмæ æппæт æгъдæуттæм гæсгæ, куыд æмбæлы, афтæ. Республикæйы сæргълæууæгæн равдыстытæм цæттæ кæй сты, уый тыххæй чысыл кадет фехъусын кодта æцæг командæгæнæгау. Хæцæнгарзимæ фæлтæрæнтæ, криминалистон техникæимæ куыст, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын æмæ ма суанг хъазахъхъаг шашкæйæ фланкировкæ. Сæ арæхстдзинад æрмæст сывæллæттæ нæ равдыстой.

Кадетон кълæсты ахуырдзаутæн алы фæлтæрæн дæр у стыр куысты хатдзæг. Командæты цур сæ педагогтæ. Уыдон ма, сæрмагонд дисциплинæтæй уæлдай, рæзгæ фæлтæрæн амонынц æндæр, ахсджиаг уроктæ.

Æрмæст Фыдыбæстæйæн службæ кæнынмæ бацæттæ кæнын нæ, фæлæ ма сывæллæтты æцæг патриоттæй схъомыл кæнын. Уый у кадетон кълæсты сæйраг хæс.

Проект «Кадетон кълас» царды уадзын райдыдтой 2021-æм азы. Ахадгæйæ æххæстгонд цæуы. Ахæм къластæ республикæйы фылдæрæй-фылдæр кæнынц.

Кадетон кълæсты чи ахуыр кæны, уыдонæй алчидæр сæрыстырæй дары формæ, æмæ æмбары, Фыдыбæстæйæн æнæзæрдæхудт службæ кæнын цы у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania