16 апреля 2026, 10:33
Фыццæгты змæлды Æрæфы районы 30 æвзонг активисты сфидар кодтой Уæрæсейы гражданины статус
Цыколайы 1 – æм скъолайы сын кадджын уавæры радтой сæ паспорттæ
Фыццæгты змæлды Æрæфы районы 30 æвзонг активисты сфидар кодтой Уæрæсейы гражданины статус. Цыколайы 1 – æм скъолайы сын кадджын уавæры радтой сæ паспорттæ. Фæсивæд сæ сæйраг документтæ райстой уазджыты къухæй, се хсæн – районы разамынд, мидхъуыддæгты министрады, ветеранты æмæ муниципалон сконды æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Паспорттæ сын куы радтой, уый фæстæ скъоладзаутæ ард бахордтой, Уæрæсейы гражданины кадджын ном сæрбæрзондæй кæй хæсдзысты, уый тыххæй. Мадзал арæзт уыди æппæтуæрæсеон акци «Мах стæм Уæрæсейы граждæнтæ» æххæстгæнгæйæ.
темæмæ гæсгæ




