21 марта 2024, 12:04
Гергиты Валерий сси «Афæдзы дирижер» æппæтадæмон профессионалон музыкалон преми BraVo-мæ гæсгæ
Стыр театры уыд, преми дæттыны кадджын мадзал
Гергиты Валерий сси «Афæдзы дирижер» æппæтадæмон профессионалон музыкалон преми BraVo-мæ гæсгæ. Стыр театры уыд, преми дæттыны кадджын мадзал. Арæзт æрцыд 6-æм хатт. Уыцы премийæ нысан кæнынц академион музыкалон аивады къабазы бæрзонддæр æнтыстдзинæдтæ. Мадзалы уазджытæн радзырдтой, бæстæйы 2 сæйрагдæр театры *хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн стыр сфæлдыстадон фæндты тыххæй.