филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 понедельник, 06 мая 2024
03 апреля 2024, 12:24
Гогниты Виталий нæ уыны йæ дыууæ цæстæй дæр, фæлæ уый хыгъд, сахуыр алы боныл дæр цин кæнын æмæ адæмæн пайда уæвын

Кусы массажистæй æмæ йæхи дæнцæгæй равдыста, цард цыфæнды зындзинæдтимæ дæр дарддæр кæй цæуы, уый

Царды æнæнхъæлæджы уавæртæ, рыст æмæ зындзинæдтæ нæ дарддæры æрмæджы хъайтары удыхъæд нæ асастой. Уый нæ, фæлæ ма бирæтæн у дæнцæг дæр. Гогниты Виталий нæ уыны йæ дыууæ цæстæй дæр. Фæлæ уый хыгъд, сахуыр алы боныл дæр цин кæнын æмæ адæмæн пайда уæвын. Кусы массажистæй æмæ йæхи дæнцæгæй равдыста, цард цыфæнды зындзинæдтимæ дæр дарддæр кæй цæуы, уый. Виталийымæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Гогниты Виталиимæ ныхасгæнгæйæ йын адæймаг йæ тар кæсæн цæстытæ цымæ уынгæ дæр нæ фæкæны… Хъæлдзæг, рæстзæрдæ, рæсугъд æмæ цины æнкъарæнтæй дзаг адæймаг. Виталий у профессионалон массажист, фæлæ ма адæмæн циндзинад хæссы сценæйы дæр, уарзы зарын. Уынгæ нæ кæны. Гыццылæй уæззау цæфы фæстæ баззад æнæ иу цæстæй. 2018-æм азы та йæ царды æрцыд ног фыдбылыз. Зиуы рæстæг газон кæрдæнæй дур фесхъиудта æмæ хъыгагæн суад Виталийыл, афтæмæй бынтон бакуырм.

Виталий æцæгæйдæр архайы дарддæр. Дыууæ мæйы æмæ рдæг уыди реабилитацион центры – ногæй райдыдта царды лыстæг хъуыддæгтыл ахуыр кæнын. Æгънæджытæ хуыйын, картоф сыгъдæг кæнын, хæринаг кæнын. Уый фæстæ дохтыры амындмæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ бацыди Кисловодскы медицинон колледжмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бирæ хæттыты фæндыди йæ ахуыр ныууадзын, фæлæ иу йæхи фæфидар кодта. Куыд цыфæнды адæймаджы, афтæ Виталийы зæрдæмæ дæр, алыварс æнæрхъуыды митæ хæссынц æрхæндæгдзинад. Хæст у фидар хъуыдыйыл – кæрæдзимæ хъæуы фæлмæндæр зæрдæ дарын æмæ хатыр кæнын.

Гогниты Виталий райста диплом. Æппынæдзух куыст ын нырма нæй. Фæлæ иуæй-иу хатт адæмæн фæлæггад кæны йе мкъласоны аивдзинады салоны. Æнæ йе мбæлтты æмæ хиуæтты æххуысæй йæ бон ницы бауыдаид. Йæ хæстæг Гацолаты Абай, Парламенты депутат Гуытъиаты Вячеслав, колледжы ахуыргæнджытæ, ацы адæмæй алчидæр Виталийæн баххуыс кодта йæ зын сахат.

Елена Катасонова у Виталийы æмкъласон. Скъолайы рæстæгæй рацыди дæсгай азтæ, фæлæ сæ хæлардзинад кæны фидарæй-фидардæр. Æмгаруарзаг, цæстуарзон æмæ рæдау – афтæ дзы дзурынц йæ хæлæрттæ. Йæ фарсмæ кæй балæууыдысты, уый фæрцы Виталийæн йæ бон баци зындзинæдты сæрты ахизын. Уый фæстæ та аразгæ уыди адæймагæн йæхи  удыхъæдæй.

Ацы интевьюæ Виталийы фæнды зын уавæры чи бахауди, уыцы адæмæн ныфс радтын. Йæ истори бирæтæн у цардæвдисæг цау. Рыст æмæ зындзинæдтыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй фыццаджыдæр хъæуы зæрдæйы цардмæ уарзондзинад райгуырын кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania