01 августа 2023, 11:51
Гуманитарон æххуысы радон парти Запорожьейы облæстмæ арвыстой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы волонтертæ
Къоппыты – фыццаджыдæр чи хъæуы, ахæм дзаумæттæ, продукттæ, уæлæдарæс, медикаменттæ, нуазæн дон
Гуманитарон æххуысы радон парти Запорожьейы облæстмæ арвыстой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы волонтертæ. Къоппыты – фыццаджыдæр чи хъæуы, ахæм дзаумæттæ, продукттæ, уæлæдарæс, медикаменттæ, нуазæн дон. Туаггуыры концентратортæ æмæ сæрмагонд техникæ. Уæрæсейаг æмæ ирон тырысатæ. Арæх сæ фæагурынц хæстонтæ. Скъоладзауты арфæтимæ фыстæджытæ. Акцийы архайдтой зæрдæхæлар адæм, амалхъом адæм, се ххуысы хай бахастой Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи. Гуманитарон уæз фонд «Быть добру»-йы волонтертæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ сæхæдæг бахæццæ кодтой. У сын 9-æм балц.
темæмæ гæсгæ