филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:18 суббота, 27 апреля 2024
28 марта 2024, 13:56
Хæлардзинады хæдзары æрныхас кодтой, республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр цæмæй ма фæцуда, уымæн цавæр гæнæнтæ ис, ууыл

Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы темæтæ абон уæлдай ахсджиаг сты, æмæ сæм хъæуы сæрмагонд æргом аздахын.

«Нæ регионы цæрæг адæмы хæттыты хсæн ахастдзинæдтæй аразгæ у республикæйы цæрджыты æдасдзинад». Ацы темæйыл æрныхас кодтой адæмты хæлардзинады хæдзары. Архайдтой дзы хицаудзинады оргæнты, æхсæнадон организациты, барадхъахъхъæнæн оргæнты минæвæрттæ, дины кусджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Дзырдтой, Цæгат Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъæныны æмæ æдасдзинады фарстатыл, республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр цæмæй ма фæцуда, уымæн цавæр гæнæнтæ ис, ууыл. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы темæтæ абон уæлдай ахсджиаг сты, æмæ сæм хъæуы сæрмагонд æргом аздахын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania