филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 понедельник, 13 мая 2024
30 августа 2023, 14:01
Хъайттаты Батраз куыста арæзтадон компанийы шофырæй, фæлæ не мзæххонты æмрæнхъ æрлæууыд тохы быдыры

Æмæ кæд йæ контракты рæстæг фæци, уæддæр æй хæдзары баззайын нæ фæнды

Йе мбал æфсæддон операцийы архайы, уый куы федта, уæд хæсты быдырмæ кæй ацæудзæн, ууыл дызæрдыг нал кодта. Хъайттаты Батраз куыста арæзтадон компанийы шофырæй. Фæлæ не мзæххонты æмрæнхъ æрлæууыд тохы быдыры. Æмæ кæд йæ контракты рæстæг фæци, уæддæр æй хæдзары баззайын нæ фæнды.

Мамиаты Оледжы номыл ротæйы штурмон бригад «Ветеранты» архайæг Хъайттаты Батраз 8 мæйæ фылдæр ис, æфсæддон операцимæ бархионæй чи ацыд, уыдоны æмрæнхъ. Йе мбал хæсты быдыры куыд архайы, уый къамтæм гæсгæ куы федта, уæд Батразы дæр бафæндыд ацæуын. Куыд зæгъы, афтæмæй уайтагъд бадзырдта æфсæддонмæ æмæ йын загъта, уырдæм кæй цæуы, уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ Батраз куыста Санкт–Петербурджы арæзтадон компанийы шофырæй. Æфсæддон фæлтæрддзинад æм нæй, фæлæ йæ уый дæр нæ бауырæдта.

Хъайттаты Батразæн ис цардæмбал æмæ сывæллон. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ арæх нæ фены, фæлæ уымæ гæсгæ сæ фембæлдтытæ уæлдай уарзон вæййынц. Йæ фæсномыг у «Кайт». Хæдзары йæм тынг æнхъæлмæ кæсынц, уымæн æмæ йæ зонынц, цы уæззау куыст кæны, уый. Батраз йæ зæрдыл бадардта, зымæджы Авдеевкæйы штурм аразгæйæ цы зындзинæдтæ федта, уыдон. Сæ батальоны архайджытæ æххæст кодтой сæрмагонд хæстæ. Уый аххосæй Батразæн йæ къах фæцæф.

Штурмон бригад «Ветерантæ» сарæзтой Донецкы адæмон республикæйы батальонæй. Службæ дзы кодта Мамиаты Олег. «Мамай»-ы номхæссæг ротæйы фылдæр ис Цæгат Ирыстонæй минæвæрттæ. Семæ нæ бæстæйы кад хъахъхъæнынц Цæгат Кавказы æндæр республикæтæй æфсæддонтæ дæр.

Хъайттаты Батразы контракты рæстæг фæци, фæлæ хæдзары баззайын дæр æфсæддоны нæ фæнды. Уымæ гæсгæ фæнд кæны ног контракт бафыссын æмæ та архайын сæрмагонд æфсæддон операцийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania