филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:11 среда, 22 мая 2024
16 марта 2023, 11:32
Хъарман-Сындзыхъæуы арендатор хъæууонхæдзарадон зæххы хайы алыварс скъахта траншей

Цалдæр азы размæ йын уыцы закъонхæлды тыххæй рахастой рагфæдзæхст

Хъарман-Сындзыхъæуы арендатор хъæууонхæдзарадон зæххы хайы алыварс скъахта траншей. Цалдæр азы размæ йын уыцы закъонхæлды тыххæй рахастой рагфæдзæхст. Уавæр нæ аивта. Ныр Дыгуры районы администрацийы цæттæ кæнынц курдиат арбитражон тæрхондонмæ. Уæвгæ, ацы фарста риссаг у республикæйы иннæ хъæуты цæрджытæн дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъарман-Сындзыхъæуы хъæууонхæдзарадон зæххыты стыр хайы скъахтой траншей. Йæ арф – 50 сантиметры бæрц. Ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды федералон службæйы æмæ Дыгуры районы администрацийы спецаилисттæ арендаторæн рахастой рагфæдзæхст нырма 3 азы размæ. Фæлæ уæдæй ницы аивта. Бынæттон администрацийы кусджытæ цæттæ кæнынц курдиат Арбитражон тæрхондонмæ.

Траншейтæ арендатортæ скъахынц, цæмæй сæ быдыртæ фосæй бахъахъхъæной. Фæлæ уый стыр зиан хæссы хъæууон хæдзарадæн. Бæзнаг мæр схæццæ вæййы бинаг æнæбакуыст цъаримæ. Уый тыххæй сæвзæрынц карантинон хæмпæлгæрдæджыты уæзæгтæ. Æдзух фылдæр кæнынц. Уымæй уæлдай ма ахæм дзыхъхъыты ныххауынц лыстæг æмæ стурвос, æмæ арæх сæ бон схизын нал бавæййы.  Фæлæ уæддæр зæхкусджытæ дарддæр халынц закъон. Уый тыххæй та æмбæлы ивар.

Ахæм траншейтæ æмбæлынц республикæйы бирæ хъæууонхæдзарадон зæххыты. Хъыгдарынц æрмæст фосы æмæ тыллæг нæ, фæлæ адæмы дæр. 2018-æм азы Цæлыкк цалдæр хатты доны бын фæцис. Къæвдадон-иу сæмбырд уыцы траншейты, цалдæр раны-иу ратыдта æмæ цæрджыты хæдзæрттæ доны бын фæкодта.

Æнæзакъонæй къахт траншейты тыххæй æмбæлы ивар 50 мин сомы. Ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы специалисттæ ма сбæрæг кæнынц æрхаст зианы бæрц. Уый гæнæн ис, æмæ схæццæ уа дæсгай милуан сомы онг. Дарддæр фарстамæ æркæсынц тæрхондоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania