филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:19 вторник, 14 мая 2024
03 апреля 2024, 12:33
Хъарман-Сындзыхъæуы байгом кæндзысты фыццаг агрокълас

Уый тыххæй бадзырд бафыстой хæххон паддзахадон аграрон университеты

Хъарман-Сындзыхъæуы байгом кæндзысты фыццаг агрокълас. Уый тыххæй бадзырд бафыстой хæххон паддзахадон аграрон университеты. Документы сæ къухтæ сæвæрдтой ахуыргæнæндоны ректор Гогаты Олег, Дыгуры районы муниципалон сконды сæргълæууæг Цагъаты Сослан æмæ Хъарманы скъолайы директор Созайты Элинæ. Уымæ гæсгæ скъолайæ райдайдзысты цæттæ кæнын хъæууон хæдзарады къабазы фидæны специалистты. Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд федеральнон ахуырадон проект «Агроклассы 2.0» æххæстгæнгæйæ. Йæ нысан у ахуырдзауты рагагъоммæ профориентаци æмæ хъæууонхæдзарадон дæсныйæдты кад уæлдæр кæнын. Скъоладзаутæн теоретикон уроктæй фæстæмæ уыдзæн практикон ахуыртæ дæр. Бабæрæг кæндзысты агропромышленнон куыстуæттæ, базонгæ уыдзысты æнтыстджын рауагъдонтимæ, бафæлвардзысты сæ тыхтæ.  Ацы хъуыддаг ахсджиаг у, уымæн æмæ абон хъæууон хæдзарады дæсны специалисттæ нæ фаг кæны. Сæ хыгъды – агрономтæ, ветеринартæ, кæсагдарæн къабазы кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania