филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:37 суббота, 04 мая 2024
02 апреля 2024, 12:09
Хетæгкаты Къостайы мæлæн боны ирон аргъуаны пантеон адæмæй уыд дзаг

Æрбацыдысты зындгонд поэты, публицисты, ирон литературæйы æмæ профессионалон нывкæнынады бындурæвæрæджы рухс ном æрымысынмæ

Хетæгкаты Къостайы мæлæн боны ирон аргъуаны пантеон адæмæй уыд дзаг. Æрбацыдысты зындгонд поэты, публицисты, ирон литературæйы æмæ профессионалон нывкæнынады бындурæвæрæджы рухс ном æрымысынмæ. 118 азы размæ, 1906-æм аз 1-æм апрелы Къоста фæхъуыд йæ уарзон адæмы хсæнæй. Йæ ингæны цур ын Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим скодта номарæн аргъуыд. Дидинджытæ æмæ веноктимæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ, ирон аргъуанмæ чи цæуы, уыцы кувæг адæм, стæй бирæ æндæртæ. Аргъуыды фæстæ, республикæйы алчер йæ раныхасы загъта, поэты сисы бынæй кæй рацыд чырыстон динимæ баст рæсугъд рæнхъытæ. Иу хатт ма зæрдыл æрлæууын кодта, Къостайы уацмыстæ абон дæр актуалон кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania