филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 суббота, 04 мая 2024
01 июня 2022, 12:49
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Абайты Аланимæ

Æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Абайты Аланимæ. Æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл. Прьемер куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у, æппæт тыхтæй архайын, цæмæй бæстæйы сæйраг горæты чи цæры, уыдон сæхи æнкъарой æмбæлгæ уагыл. Абайты Алан бахаста фæндон, республикæйы фæсивæдон фестиваль «Юность России» скæнын. Йæ программæйы – спорты алы хуызтæ. Республикæйы хицауад цæттæ у баххуыс кæнынмæ. Абайты Алан арфæ ракодта æмгуыстады ахадындзинады тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania