филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:14 понедельник, 13 мая 2024
31 августа 2023, 13:34
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд, Цæгат Ирыстонæн бындур сæвæрыны 100 азы бон сбæрæг кæныныл

Æмбырды архайдтой æххæстгæнæн хицаудзинады профилон оргæнты минæвæрттæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд, Цæгат Ирыстонæн бындур сæвæрыны 100 азы бон сбæрæг кæныныл. Æмбырды архайдтой æххæстгæнæн хицаудзинады профилон оргæнты минæвæрттæ. Уæвгæ, 100 азы юбилей сбæрæг кæныны тыххæй Указ 2019-æм азы майы бафыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. 7-æм июлы 1924-æм азы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны автономон облæсть, йæ центр та уыд Дзæуджыхъæуы. Сси хицæн административон бынат Цæгат Кавказы крайы. Уыцы цау стыр бынат бацахста республикæйы историйы æмæ нæ бæстæимæ федеративон ахастдзинæдты.

Бæрæгбоны сæйраг пълан арæзт у 14 мадзалæй. Уыдоны хсæн – кадджын, культурон-дзыллон мадзæлттæ, форумтæ, равдыстытæ, рухстауæн æмæ рауагъдадон архайд. Уымæй дарддæр – культурон хæзнаты объектты рацарæзт æмæ куыстуæтты цалцæг. 2022-æм азæй фæстæмæ рацарæзт цæуы Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан. Нымад у культурон хæзнаты объектыл. Уымæй уæлдай ма цалцæггонд цæуы Алагиры музейон-паркон зонæ. Дзанайты Барис бабар кодта æппæт куыстытæ афоныл, æмæ куыд æмбæлы, афтæ фæуын. Республикæйы сарæзты 100 азы юбилей бæрæггонд цæудзæн 2024-æм азы федералон æмвæзадыл. Йæ ахадындзинад ын бахынцта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Кадджын мадзæлттæ ацæудзысты куыд республикæйы æппæт районты, афтæ Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ ма Уæрæсейы æндæр субъектты дæр. Бæрæгбонмæ рауаддзысты згъæр æхца стæй сæрмагонд маркæ. Республикæйы цæрджытæн бацæттæ кæндзысты концерттæ, равдыстытæ, конкурстæ, социалон-экономикон презентацитæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Мæскуыйы арæзт æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны культурæйы бонтæ. Туризмы комитет та бакусдзæн сæрмагонд туристон продукциыл æмæ маршруттыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania