филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:20 четверг, 02 мая 2024
19 октября 2022, 10:42
Хосроты Тамерланы разамындæй дирижеры куыст æххæстæй базоныныл архайынц 9 сывæллоны

Æвзонг музыканттимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд

Цæгат Ирыстон нымад у дунейы зындгонд дирижерты райгуырæн республикæйыл. Æмæ уый хуымæтæджы нæ. Ам райгуырдысты Дудараты Вероникæ, Гергиты Валерий, Сохиты Тугъан. Рæзгæ фæлтæрмæ ахæм адæмты фæрцы рæзы музыкæмæ æмæ бæрзонд аивадмæ уарзондзинад. Республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Хосроты Тамерланы разамындæй дирижеры куыст æххæстæй базоныныл архайынц 9 сывæллоны. Æвзонг музыканттимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Арæхстджын къухæзмæлд, æмæ зæлты æххæст æнкъарынад. Олан Дороховыл æрмæстдæр 10 азы цæуы, фæлæ ныридæгæн лæууы æнæхъæн сфæлдыстадон къорды сæргъы. Хæрзæрыгон уæвгæйæ, æнцонтæй архайы цалдæр инструментыл. Ахуыргæнгæйæ дæр бæрæг уыди, алы инструменты зæлтæ дæр оркестры хицæнтæй кæй æнкъары, уый.

Лæппуйы мад куыд зæгъы, афтæмæй сывæллон музыкæмæ æмхиц кæй у, уый æнæ бафиппайгæ нæ уыди. Бинонты профессионалон музыканттæ нæй. Фæлæ йын йæ рæстæджы курдиат раиртæстой йæ хистæр хомæ дæр. Уый йæ æрбакодта симфонион дирижеры скъоламæ дæр.

Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, æмæ симфонион дирижерты скъолайы бындурæвæрæг Хосроты Тамерланы разамындæй студийы архайынц 9 сывæллоны, курдиат дзы ирдæй зыны æртæмæ. Олан Дороховæй уæлдай ма ноджыдæр Хохойты Артур æмæ Зæнджиаты Тамерлан. Лæппутæ зæгъынц, бирæ хистæр нæ чи у, ахæм музыканттæн разамынд дæттын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Хъæуы дзы аивадмæ уарзондзинад æмæ æгæрон куыстхъомдзинад. Ацы хъуыддаджы та сын æххуыс кæны сæ разамонæг.

Сывæллæттæ дирижеры сусæгдзинæдтыл архайынц республикæйы паддзахадон филармонийы камерон оркестры репетициты. Алцыдæр сæ разамонæг, композитор æмæ дирижер Хосроты Тамерланы бæстон цæстдардмæ гæсгæ.

Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй музыкæмæ æмхиц сывæллæттæ бирæ ис, фæлæ дзы æцæгæйдæр курдиат кæмæ ис, æмæ бæрзон æмвæзадыл хи равдисынхъом чи у, ахæмтæ та стæм. Уæвгæ, ам сæйрагдæр у адæймаг йæ размæ бæлвырд хæс æмæ нысан куы сæвæры, æмæ йæ сæххæст кæныныл æрвылбон куы фæкусы, уæд. Æрмæстдæр ахæм хуызы ис, цыфæнды хъуыддаджы дæр стыр бæрзæндтæм схизын. Разамонæджы хæс та у сывæллонæн йæ курдиат раргом кæнынæн баххуыс кæнын.

Оркестры сгуыхтдзинæдтæн аргъ скæнæн уыди 18-æм октябры, фæсивæдон библиотекæйы. Арæзт дзы æрцыд, æвзонг дирижертæ разамынд кæм дæттынц, ахæм концерт.  Азæлыдысты дзы ирон композиторты уацмыстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania