филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:55 суббота, 04 мая 2024
24 января 2023, 11:24
Хуссар Ирыстоны йæ цардæй ахицæн композитор æмæ пианист Плиты Жаннæ

10-æм февралы хъуамæ сæххæст уыдаид 75 азы

Хуссар Ирыстоны йæ цардæй ахицæн композитор æмæ пианист Плиты Жаннæ — хъусын кæны агентад Рес. Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Плиты Жаннæ у æхсæз симфонийы, æртæ балеты æмæ цыппар концерты автор. Ныффыста бирæ камерон, вокалон æмæ инструменталон уацмыстæ. Йæ фыст мелодитæ банымадтой куыд уæрæсейаг, афтæ дунеон æмвæзадыл, бирæ хæттыты йæ уацмыстæ систы алыхуызон конкурсты уæлахиздзаутæ. Композиторыл 10-æм февралы хъуамæ сæххæст уыдаид 75 азы. Плиты Жаннæйæн фæстаг фæндараст зæгъдзысты абон, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania