филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 понедельник, 06 мая 2024
31 мая 2022, 11:14
Ихимæ тох кæныны республикон службæ аразы хъæууонхæдзарадон зæххытæ бахъахъхъæныны куыст

Раздæр ацы æрдзон фæзындæй хызт цы районтæ уыдысты, уым фæстаг азты уавæр тæссагдæр сси

Ихимæ тох кæныны республикон службæ аразы хъæууонхæдзарадон зæххытæ бахъахъхъæныны куыст. Раздæр ацы æрдзон фæзындæй хызт цы районтæ уыдысты, уым фæстаг азты уавæр тæссагдæр сси. Фыццаджыдæр, хъыгдард æййафынц хъæууонхæдзарадон культурæтæ æмæ инфраструктурæйы объекттæ. Цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц уыдон бахъахъхъæнынæн, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уый æфсæддон цæттæдзинады командæ нæу, не сты æфсæддонты ахуыртæ дæр. У Гидрометы хуымæтæг кусгæ бон. Цы мигъты фронт æрбацæуы, уый координатæтæ диспетчерæй райсгæйæ, Хохойты Руслан æмæ Владимир Зубов мигъты ныхмæ кусæнгарз сифтонг кæнынц ракетæтæ «Алазань»-æй. Цалдæр секундмæ йодæй хæст æвзист хъацæнтæ схæццæ вæййынц уæларвмæ. Химион элемент ныппырх кæны æппæтæй тыхджындæр мигътæ дæр.

Хъæууон хæдзарадæн их у æппæтæй стырдæр зианхæссæг фæзынд. Æрвылаз уымæй дунеон тыллæгæн фесæфы йæ 18 проценты. Фарон хъыгдард баййæфта Æрæфы районы аграрон куыстуат. Ацы аз май уыд уазал, фæлæ республикæйы аграриты ихæй нæ батыхсын кодта.

Цæгат Ирыстоны ракетæ «Алазань»-æй æхсыны бар ис 15 бынаты. Уыдон арв дих кæнынц 4 уæлдæфон къордыл. Республикæйы хъæууон хæдзарады зæххыты 200 мин гектары хъахъхъæны регионы ихимæ тох кæныны службæ. Йæ дæлхайадтæ сты командон центры бæрны. Æххæст у радиолокаторæй æмæ бастдзинады системæйæ. Атмосферæйы  æмæ мигъты уавæрмæ ам цæст дарынц нымæцон картæйы фæрцы. Æхсæвæй-бонæй алы цалдæр минуты дæр исынц ног бæрæггæнæнтæ. Ардыгæй лæвæрд фæцæуы арвмæ æхсыны командæ.

Гидрометы службæйы ахадгæ куыст аразгæ у тагъддзинадæй. Их сæвзæрынæн æмæ зæхмæ æрхæццæ уæвынæн сахатæй къаддæр кæй хъæуы, уымæ гæсгæ. Уыцы рæстæг мигътæ хъæуы ракетон цæф кæнын. Фæлæ, экспертты ныхæстæм гæсгæ, уæддæр вæййы къуылымпытæ.

Иу ракетон станцæ хъахъхъны 15 мин гектары фæзуат. Тæссаг рæстæг ахæсдзæн сентябры кæронмæ. Гидрометы цæгатирыстойнаг службæ балхæдта 1000 ракетæйæ фылдæр. Ведомстæйы куыд загътой, афтæмæй уыдон хъуамæ сфаг уой, аграриты фæллой æрдзон фыдбылызтæй бахъахъхъæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania