филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:41 четверг, 02 мая 2024
24 января 2024, 12:06
Ирон театры арæзт æрцыд ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы стæй культурæйы министр Фидараты Сосланы фембæлд

Архайдтой дзы республикæйы театрты разамонджытæ æмæ ахуыргæнæндæтты директортæ

Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы стæй культурæйы министр Фидараты Сосланы фембæлд. Архайдтой дзы республикæйы театрты разамонджытæ æмæ ахуыргæнæндæтты директортæ. Фембæлды ныхас цыд сæрмагонд программæ «Пушкинская карта» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Ахуырады министр Алыбекты Эллæ куды бафиппайдта, афтæмæй нæ республикæйы, хъыгагæн, æппæт скъоладзаутæ æмæ студенттæ нæ пайда кæнынц ацы паддзахадон программæйæ. Уый рабæрæг 2023-æм азы культурон проекты хатдзæгтæм гæсгæ. Цæмæй уавæр хуыздæрырдæм аива, уый тыххæй æххæстгонд цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Зæгъæм, зындгонд актертимæ фембæлдтытæ æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Уымæй дарддæр иумæйаг къласы сахаттæ кæнын культурæйы темæйыл. Ахуыргæнæндæтты та театрмæ балцытæ аразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania