филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:39 вторник, 03 ноября 2026
03 июля 2026, 10:30
Ирон театры ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты студентты дипломон спектаклы равдыст

Ацы аз республикæйы национ театрæн факультет рауаддзæн 7 профессионалон актеры

Ирон театры ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты студентты дипломон спектаклы равдыст. Ацы аз республикæйы национ театрæн факультет рауаддзæн 7 профессионалон актеры. Фидæны артисттæ бацæттæ кодтой, Лев Толстойы пьесæ «Власть тьмы»-мæ гæсгæ постановкæ. Куыстой йыл æнæнхъæн афæдз. Режиссер-æвæрæг æмæ курсы разамонæг у театралон аивады кафедрæйы доцент Цæгæраты Руслан. Постановкæ федта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ирон театры чысыл сценæйы — иу æнæраст къахдзæф адæймаджы хъысмæт кæй аивы, уый тыххæй истори. Уарзондзинад, гадзрахат, фыдракæнд æмæ фæсмон — Лев Толстойы хъайтартæ бавзæрстой бирæ æнкъарæнтæ, систы алыхуызон цауты архайджытæ. Постановкæйыл бакуыстой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты актерон хайады студенттæ. У ахсджиаг фæлварæн, сæ 4 азы ахуыры хатдзæг. Сæйраг рольтæй иуыл бакуыста Дзигойты Алан. Толстойы пьесæ «Власть тьмы»-мæ гæсгæ спектаклы сарæзта Никитæйы сурæт. Актеры ныхæстæм гæсгæ, ацы роль ын сси æцæг фыдæвзарæн, уыцы иу рæстæг æй нымайы стыр профессионалон лæварыл.

Къаболаты Беллæйы актерон хæс дæр хуымæтæг нæ уыд. Бакуыста, уацмысы трагикондæр хъысмæт кæмæн ис, уыцы Анисияйы ролыл. æрыгон актрисæйæн ацы куыст у йæ фыццаг стыр роль. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæты зындæр уыд хъайтары миддуне æмæ йе *нкъарæнтæ зæрдæмæ айсын, стæй, тыхст уавæры цы адæймаг ис, уымæн йæ митæ бамбарын.

«Власть тьмы» — æгъдæуттыл дзурæг социалон драмæ, адæймаджы удыхъæд чи ивы, ахæм иу тæригъæд фыдракæндты райдиан кæй сси, уый æвдисæг. Куыст ыл цыдис ахуыры аз дæргъы. Раздæр студенттæ равдыстой постановкæйы фыццаг хай, дыккаг семестры та — спектакль æнæхъæнæй. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтимæ постановкæйыл бакуыстой ирон театры æрыгон актертæ дæр. Режиссер у курсы разамонæг, Цæгат Ирыстоны аивæдты архайæг Цæгæраты Руслан.

Ацы аз Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультет рауаддзæн 7 профессионалон актеры. Ацы курс у дыккаг. æххæстгонд æрцыд æхсæнадон архайæг, меценат Хæдарцаты Махарбеджы руаджы. Дипломон равдыст сæмбырд кодта ахуыргæнæндоны хицауады, театралон аивады зындгонд архайджыты æмæ театрдзауты æнæхъæн зал. Фидæны рауагъдонтæм æнхъæлмæ кæсынц æндæр сценæтæ, уыдзæн сын ног рольтæ æмæ фыццаг профессионалон сезонтæ. Постановкæ «Власть тьмы» алкæмæндæр баззайдзæн, стыр театрмæ фæндаг кæмæй райдыдта, уыцы куыстæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania