филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:18 пятница, 10 мая 2024
23 августа 2023, 12:09
Ирыхъæуы фæсивæд расидтысты зиу Хуыцауы дзуары кувæндоны территорийы

Ис Дзæуджыхъæуы хуссар-скæсæйнаг фарсы кæрон

Ирыхъæуы фæсивæд расидтысты зиу Хуыцауы дзуары кувæндоны территорийы. Ис Дзæуджыхъæуы хуссар-скæсæйнаг фарсы кæрон. Мадзал арæзт æрцыд Ирыхъæуы «Ныхасы Совет»-ы хъæппæрисæй. Æрвылаз Майрæмы мæйы кæрон ам фæбæрæг кæнынц «Хуыцауы дзуар, Ног дзуар æмæ  Лæгты дзуар»-ы бон. Традицимæ гæсгæ, уыцы бон кувæндонмæ æрбацæуынц бынæттон цæрджытæ сæ кувинæгтимæ. Ацы бæрæгбоны истори райдыдта 19-æм æнусы кæрон. Уæд Ирыхъæуы уыд халеры эпидеми. Хæцгæниз уайтагъд апарахат æмæ-иу адæм æнæхъæн бинонтæй амардысты. Уæд, «Ног Дзуар»-æй чысыл дарддæр, абон кувæндон кæм ис,  уым сæвзæрд ма ноджыдæр иу. Баст уыд кадджын бынæттон цæрæг Гуырцъыты Пипойы хъæбатырдзинадимæ. Уый, йе мзæххонты карз низæй фервæзын кæныны тыххæй нывондæн æрхаста йæ цард. Таурæгъмæ гæсгæ, 3 боны кæй фæкуывдта, уый фæрцы низ сыскъуыд. Рæстæгимæ кувæндон кæлæддзаг уавæрмæ æрцыд. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты цæрджытæ сæхи фæрæзтæй сарæзтой агуыридурæй ног бæстыхай, саив кодтой территори, ныссагъдтой бæлæстæ. Ацы аз бæрæгбон бæрæг кæндзысты сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania