филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:25 понедельник, 13 мая 2024
30 августа 2023, 14:03
Ирыстоны цæрджыты уазæгуарзондзинад хъуыстгонд у æппæт дунейы дæр

Уымæн æвдисæн у, нæ регионмæ цæуæг туристты нымæц азæй азмæ фылдæр кæй кæны, уый

Ирыстоны цæрджыты уазæгуарзондзинад хъуыстгонд у æппæт дунейы дæр. Уымæн æвдисæн у, нæ регионмæ цæуæг туристты нымæц азæй азмæ фылдæр кæй кæны, уый. Ныр дыккаг аз республикæ бабæрæг кодтой Мæскуыйы облæсты хъазахъхъаг полчы кадеттæ. Сæ балцы программæмæ хаст æрцыдысты Æрæфы районы хъæу Хæзныдон æмæ Лескен. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Ног æнкъарæнтæ, ног зонгæтæ, ног фенд хъуæддæгтæ! Æппæт уыцы хорздзинæдтæй фæхайджын сты Хæзныдоны уазджытæ – Мæскуыйаг сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ. Уыдысты хъазахъхъаг кадетон полчы хъомылгæнинæгтæ . Тынг цымыдисæй  кастысты алцæмæ дæр. Сæхæдæг дæр æвдыстой се гъдау æмæ фæтк. Хæзныдоны сæ сывæллæттæм хæстæй ссæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад, æппæт уыцы ныййарджыты кадæн цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.

Æрзылдысты Хæзныдоны дæнцæгæн æрхæссинаг бынæттыл. Бабæрæг кодтой хъæуы цæрæг Таматы Юрий йæхи къухтæй æмæ адæмы фарнæй фæхайджын уæвгæйæ цы мæсыг аразы, уый. Сывæллæттæ дис кодтой, æрмæст æрдзы рæсугъддзинадыл нæ, фæлæ алы дуры скондыл дæр. Ирыстоны историмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы Сæбанты Козеттæ сын радзырдта, мæсгуытæ цæмæн конд цыдысты, уый тыххæй.

Иу дур иннæйыл æвæргæйæ, куыд рæзы мæсыг, афтæ фылдæр кодтой уазджыты æнкъарæнтæ алы хъуыддаджы фæстæ дæр.

Райдзаст æнкъарæнтимæ Хæзныдоны уазджытæ абалц кодтой Лескенмæ. Уым та сæм æнхъæлмæ каст уынджы музей саразæг Бетрозты Аслæнбег.

Ам цы историйы хай ис, уый цымыдисдзинад та дзы алкæйы зæрдæйы дæр ныууагъта цæрæнбонты æнкъарæнтæ. Кадедтæ се ргом æздахтой рагон кусæн дзаумæттæм

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы музейы экспонаттæ æрæмбырд кæныныл азты дæргъы кæй архайы Бетрозты Аслæнбег. Алы уазæгыл дæр бацин кæны зæрдиагæй, фæнды йæ йæ фыдæлты истори хæссæг хъуыддæгтæн царды бынат скæнын.

Ирыстоны зæрдылдарæн бынæттыл зилгæйæ, уазджытæ бирæ ног хъуыддæгтæ базыдтой, Æрæфы районы та  ма уæлдай  тынгдæр баууæндыдысты  адæймаджы уды рæсугъд æнкъарæнтыл. Хæзныдоны сын скæнын кодтой æхсæвæр. Саразтой сын концертон программæ. Уæлдай цымыдисæй та бакастысты киноныв «Сюрприз»-мæ. Афтæмæй зæрдæхъæлдзæгæй афæндараст сты Æрæфы районы уазджытæ. Сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй Хæзныдоны хуызæн хъæуыл нæма сæмбæлдысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania