филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:25 пятница, 10 мая 2024
29 августа 2023, 11:20
Йæ цардæй ахицæн Советон Цæдисы адæмон артисткæ, зындгонд прима-балеринæ, хореограф æмæ педагог Адырхаты Светланæ

Йæ цард балетимæ сбаста, 8 азы йыл куы цыди, уæд

Йæ цардæй ахицæн Советон Цæдисы адæмон артисткæ, зындгонд прима-балеринæ, хореограф æмæ педагог Адырхаты Светланæ. Йæ цард балетимæ сбаста, 8 азы йыл куы цыди, уæд. Æмæ уæдæй фæстæмæ равзæрст дæсныйадыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ахуыр кодта Ленинграды хореографион училищæйы. Уым йæхи бауарзын кодта. Фæстæдæр та – Мæскуыйы Стыр театры æмæ æнæхъæн дунейы. Сценæ никуы ныууагъта, уыимæ балет йæ царды уыд кæддæриддæр. Йæ курдиат æнæвгъауæй лæвар кодта йæ ахуыргæнинæгтæн. Светланæ сæ уарзта, йæхи сывæллæтты хуызæн. Æрæджы сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей. Æмæ йæм уæд уыди æрмæстдæр иу бæллиц – йæ райгуырæн Ирыстонмæ ссæуын, æмæ йæ чызджыты йемæ сласын. Уый йын бантыст, фæлæ йын ацы гуырæнбон сси фæстаг. Уыимæ хуымæллæггаг чызг Адырхаты Светланæ сызгъæрин дамгъæтæй ныффыста йæ ном нæ бæстæйы культурæйы æмæ сфæлдыстады. Бæрзонд аивады фæндагыл слæугæйæ, иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ акодта. Советон Цæдисы адæмон артисткæ йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ царды бирæ зындзинæдтæ уыд, фæлæ-иу сæ ницæмæ æрдардта. Йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ-иу ногæй тырныдта сценæмæ. Афтæмæй йе стыр бæллиц йæ къухы бафтыд. Адырхаты Светланæ уыд æмæ у Ирыстоны фидауц. Алы ирон адæймаг дæр дзы йæ сæр хæссы бæрзæндты. Ахæм адæмæй фæзæгъынц, зæгъгæ 100 азмæ райгуырынц æрмæстдæр иу хатт.

Адырхаты Светланæйы баныгæндзысты Мæскуыйы, Троекуровы уæлмæрдты, йæ цæрдæмбалы ингæны цур. Фæстаг фæндараст ын зæгъдзысты 30-æм августы 11 сахатыл. Саударæн мадзалы уыдзæн Цæгат Ирыстонæй дæлæгаци, йæ сæргъы республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. Делегацийы хыгъды уыдзæн 20 адæймаджы онг. Се хсæн Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, культурæйы министрады разамынд, стæй культурæйы кусæнуатты разамонджытæ. Семæ баиу уыдзысты Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ сенатортæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania