филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 пятница, 19 июня 2026
13 мая 2026, 10:34
Йæ юбилей бæрæг кæны Ирыстоны æмæ бæстæйы иннæ регионты цæрджыты уарзон актрисæ æмæ зарæггæнæг Медойты Светланæ.

У бирæвæрсыг курдиаты хицау

Йæ юбилей бæрæг кæны Ирыстоны æмæ бæстæйы иннæ регионты цæрджыты уарзон актрисæ æмæ зарæггæнæг Медойты Светланæ. У бирæвæрсыг курдиаты хицау. Йе сфæлдыстадон фæндаг – æнусы *рдæгæй фылдæр – у, драмæ æмæ зарæджы *хсæн арæнтæ кæй нæй, уый æвдисæн. Уыцы-иу рæстæг у ирд актрисæ æмæ йæ хъæлæсæй «ирон зарæджы уд» чи бауагъта, ахæм адæймаг. Аивадуарзджытæ стыр аргъ кæй курдиатæн кæнынц, уыцы Медойты Светланæйы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сценæмæ йæ рацыд алы хатт уыцы иухуызон: æнæсым зал, йæ уынд æхсызгон кæмæн у, уыцы театрдзаутæ æмæ тыхджын къухæмдзæгъд. Медойты Светланæйы сценикон куыстытыл афæлгæст –  сылгоймæгты хъысмæтты æмбырдгонд. Сарæзта дæсгай сурæттæ. Дездемонæ æмæ Мария ХосЕфа «Дом Бернарды Альбæ»-йы, фыдуаг, къай агурæг Гоголы «Женитьба»-йы, Елмысхан «Ныййарæджы кадæджы». Сценæйæн йæ бирæ азты лæггадæй равдыста, курдиатджын актерæн алы жанры куыст дæр у æхсызгон. Медойты Светланæйæн-иу уыцы иухуызон æнтыстджынæй рауадысты драмон хъайтартæ: сатирæйæ лирикæйы онг.

Мæздæджы районы Веселæйыхъæуæй рацæуæг стыр аивадмæ бакъахдзæф кодта раджы. 1964-æм аз ын сси хъысмæтаразæг.  Бæстæйы хæдахуыр адæмы æркасты уæлахиз ын байгом кодта ГИТИСы дуæрттæ. Йе *рдзон курдиат ын  4 азмæ раргом кодта мæскуыйаг скъола.  Уый фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ, Ирон академион театрмæ. Лæггад ын кæны æнусы *рдæгæй фылдæр. У Уæрæсейы сгуыхт артисткæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ. Медойты Светланæ у ирон культурæйы стыр фæзынд. Театрдзаутæ йæ уарзынц æрмæст артискæ кæй у уый тыххæй нæ, стыр аргъ кæнынц йæ зарæггæнджы курдиатæн.   Йæ хъæлæс ын чи нæ зоны ахæм адæймаг Ирыстоны зын ссарæн у. Уыцы уарзондзинады сусæгдзинад у хуымæтæг: Медойты Светланæ у æргомзæрдæ. Сценæйы уарзондзинад æмæ амонд хъазгæйæ не *вдисы – зæрдæхæларæй сæ апарахат  кæны йæ алыварс тыгъдады.

Аивадуарзджыты зæрдæты сæрмагонд бынат ссардта «Дзигойы зарæг». Трагикон балладæ йын рауад диссаджы æнкъарæнджын. Медойты Светланæ йæ уды хъарм бавæры алы ранхъы дæр. Йæ хъæлæсæй бамбарæн кæны мады хъыг æмæ æгъатыр хъысмæтæн сабырæй кæй уисæн кæны, уый. Аивадуарзджыты баууæндын кæны, бахъæлдзæг сæ кæны, скæуын сæ кæны йемæ иумæ. Æмæ уый руаджы сси Ирыстоны уарзондæр артисткæтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania