филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:14 воскресенье, 12 мая 2024
31 августа 2023, 13:39
Кадджын хистæр, фæллойуарзаг æмæ зондамонæг адæймаг

Æппæт ацы миниуджыты аккаг у Хохы Карцайы цæрæг Бæгъиаты Ясон

Кадджын хистæр, фæллойуарзаг æмæ зондамонæг адæймаг. Æппæт ацы миниуджыты аккаг у Хохы Карцайы цæрæг Бæгъиаты Ясон. Ацы бонты йыл æххæст кæны 93 азы. Ясон бирæ азты дæргъы фæкуыста колхозы æмæ хъæды хæдзарады. Йæ бинойнагимæ схъомыл кодтой 4 сывæллоны. Се ппæты дæр сæвæрдтой царды раст фæндагыл. Йæхи кæстæртæй дарддæр ма Ясон зондамонæг у йе мхъæуккæгтæн дæр. Се ппæт дæр ын уарзынц йæ таурæгътæм хъусын. Цымыдисаг адæмйагимæ базонгæ нæ уацхæссæг Чехойты Фатимæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Хохы Карцайы цæрæг Бæгъиаты Ясоныл ацы аз æххæст кæны 93 азы (нæуæдз æртæ азы). Кадджын хистæр, уæздан нæлгоймаг уынгмæ рацæуы, æмæ та йæ алыварс æрбамбырд вæййынц хъæуы цæрджытæ. Æхсызгон сын у сæ уарзон адæймаджы таурæгътæм хъусын. Карцайæгты хæлар  ахаст сæ хистæрмæ дардмæ дæр бæрæг у.

Ясон бирæ азты фæкуыста колхозы æмæ хъæды хæдзарады. Ивгъуыд æнусы 70-йæм азты  та хъæуы клубы куыста киномеханикæй. Йæ бинойнаг Калоты Тамарæйымæ схъомыл кодтой 4 сывæллоны – æртæ лæппуйы æмæ чызг. Йæ лæппутæ – Артур æмæ Ирбег  ныр дæр  цæрынц ацы хъæуы. Сты фæзминаг, сæ ныййарæджы хуызæн – фæллойуарзаг.

Ясон рагæй дæр куыстуарзаг уыд. Дардта бирæ фос. Ныр кæд йæ кары бацыд, уæддæр æгуыстæй нæ бады. Цæхæрадоны фархайы. Ныссадзы хъæдур, нартхор, картоф, халсартæ.Ис æм дыргъ бæлæстæ дæр. Фæзилы сæм йæхæдæг, æмæ фæззæджы сисы  бæркадджын  тыллæг.  Дары фос, ис æм бæх дæр. Йæ уæгъд рæстæг та уарзы газетты кæсын. Йе *мхъæуккæгтæ  йын, сылгоймагæй нæлгоймагæй, стыр аргъ кæнынц. Хъусынц ын йæ фæдзæхстытæм.

93 азы дæргъы Ясонæн йæ алы хъуыддаг дæр у фæзминаг. Сыгъдæгзæрдæ хистæр дары уарзон цæстæнгас  адæммæ. Æмæ йын уыдон дæр æмбарынц йæ ахаст,  фæлмæнæй йæм дзурынц, йæ фарсмæ æрбаллæуынц бахъæугæ сахат. Карцайæгтæн ма æхсызгондзинад  хæссы уый дæр, æмæ ахæм  зондджын, уæздан хистæры  æмдугонтæ кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania