филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:54 суббота, 11 мая 2024
18 августа 2023, 11:16
Кæронмæ æрхæццæ Дзæуджыхъæуы мастер-пъланы арæзтад — уый тыххæй йæ телеграм-каналы ныффыста Сергей Меняйло

Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй документыл 8 мæйы дæргъы куыстой райрæзты институт ДОМ.РФ-ы специалисттæ

Кæронмæ æрхæццæ Дзæуджыхъæуы мастер-пъланы арæзтад — уый тыххæй йæ телеграм-каналы ныффыста Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй документыл 8 мæйы дæргъы куыстой райрæзты институт ДОМ.РФ-ы специалисттæ. Æххуыс сын кодтой республикæйы хицауады уæнгтæ æмæ горæты администрацийы минæвæрттæ. Нымад æрцыдысты бынæттон цæрджыты æмæ æхсæнадон активистты хъуыдытæ дæр. Документы равдыстой Дзæуджыхъæуы райрæзты сæйраг миниуджытæ. Сæххæст кæнын сæ хъæудзæнис 2030-æм азмæ. Нымад дзы æрцыдысты социалон-экономикон, культурон æмæ экологон къабæзтæ. Хицæн æргом аздæхтой туризмы райрæзтмæ. Мастер-планы ис 31 проекты. Уыдонимæ промышленнон технопарк, студентты кампус цыппар мин бынатæн, Цæнгæт хиды рацарæзт, концертон комплексы арæзтад æмæ æндæртæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй мастер-пъланмæ уыдзæнис бахæссæн ивддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania