03 апреля 2026, 10:35
Кинойы Хæдзары равдыстой Туаты Теминæйы документалон киноныв «Ясыня»
Хуымгæнæны мæйы 1-аг бон сæххæст ис 820 азы, къниаз Всеволоды бинойнаг, Стыр æхсин Мария Ясыня йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй
Кинойы Хæдзары равдыстой Туаты Теминæйы документалон киноныв «Ясыня». Систа йæ кинокомпани «Нарт-Арт студия» 2010-æм азы. Хуымгæнæны мæйы 1-аг бон сæххæст ис 820 азы, къниаз Всеволоды бинойнаг, Стыр æхсин Мария Ясыня йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй. Алайнаг æхсины ном стыр бынат ахсы Уæрæсейы æмæ Аланийы культурæйы æмæ удварны царды. Хæрзаудæн куысты, йæ хæлар зæрдæйы æмæ паддзахадон хъуыддæгты архайды тыххæй Марияйы схуыдтой «Сыгъдæг Уырысы æмбырдгæнæг». Йæ фæдонты хсæн сты Уырыссаг чырыстон аргъуаны 13 сыгъдæг уды. Киноныв систой Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бонмæ.
темæмæ гæсгæ




