филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 суббота, 04 мая 2024
01 июня 2022, 12:52
Кировыхъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ног эстакадæ кæронмæ арæзт у, цæттæ у эксплуатацимæ, фæлæ йæ цæуыннæ гом кæнынц, уый бæрæг нæу

Ног фæндаг баиу кæндзæн Мичурины æмæ Кировыхъæуы фæндæгтæ Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен2 магистралыл

Фæндаг у арæзт, фæлæ йыл цæуæн нæй. Уый у Кировыхъæуы цæрджыты хъуыды. Адæм ныр дыккаг аз цæуынц иувæрсты фæндагыл. Уый иу, фæлæ ма у пырх дæр. Иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц, цалынмæ ног фæндаг байгом уа, уæдмæ. Курдиæттæ хæссынц алы бæрнон куыстуæттæм. Фæндæгты арæзтады комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бамбарын кодтой, фæндаг эксплуатацийы цæуыннæ дæттынц, уый. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Гæджиты Сосланæн.

Кировыхъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ног эстакадæ кæронмæ арæзт у, цæттæ у эксплуатацимæ, фæлæ йæ цæуыннæ гом кæнынц, уый бæрæг нæу. Шофырты ныр дыккаг аз хъæуы хуырвæндагыл цæуын. Рæстæгмæ фæндаджы дæргъ у 400 метрæй къаддæр. Ацы хай у тæссаг фæндаггон фыдбылызтæй.

Абайты Мирон – Кировыхъæуы цæрæг: «Рæстæгмæ арæзт афтæ нæ вæййы. Рæстæгмæ вæййы къуыримæ, 3 мæйы дæр вæййы, фæлæ афæдзæй фылдæр рацыдис. Адæймаг стыхсы. Уæлдайдæр къæвда куы фæуары, уæд. Æмæ уыцы асфальт сывæр. Æндæр нæм ницы курдиат ис. Стæй сæ камазтæ цæуынц, чи аразы, уыдоны камазтæ. Уæзимæ цæуынц. Æмæ ахæм асфальт нæ хъæуы, фæстæмæ та чи ныттона. Куыд æмбæлы, афтæ асфальт».
Мичурины-Кировыхъæуы фæндаджы хай æдзухдæр зындзинæдтæ æвзарын кæны шофыртæн, уæлдайдæр та уалдзæджы боныхъæд куы фæивы, уæд.

Фæндаджы уавæрæй хъаст кæны тагъдæххуысы шофыр Къусраты Владимир дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй бæрнон ведомствæтæм телефонæй бирæ хæттыты дзырдта ацы фарстайы фæдыл, фæлæ дзуапп нæ райста.

Рог транспорты цалцæгыл ацы адæм æрвылмæй чысыл æхцатæ нæ хардз кæнынц.

Хозиты Тельман, Кировыхъæуы цæрæг: «Бон 2-3 хатты ацы фæндагыл куы ацæуай, уæд машинæ кæнинаг фæуыдзæн. Дагестайнæгтæ дзы куыстой, æмæ-иу дзы грейдер рауагътой, фæлæ дзы ныр уый дæр нал кæнынц. Ныр æй грейдерæй араст кодтой æмæ ууыл сæ хабар фæцис. Ртæккæ та машинæтæ куы арацу-бацу кæной, уæд дзыхъхъытæ фегом уыдзысты æмæ та афтæ цæудзыстæм».
Рог машинæтæ ныртæккæ цы фæндагыл цæуынц, уый рæстæгмæ хъуамæ уыдаид. Национ проект «Æдас хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ цы эстакадæ арæзт æрцыд, уый хъуамæ транспорты фылдæр хай йæхимæ райса. Уæрæсейы Федерацийы бардзырдмæ гæсгæ, ацы объект хауы, фыццаджыдæр, хъуамæ арæзт чи цæуа, ахæмтæм. Йæ рацарæзтæн æмæ арæзтадæн республикон бюджетæй радих кодтой уæлæмхасæн фæрæзтæ.

Уавæрмæ лæмбынæг цæстдард кæй ис, уый тыххæй Кировыхъæуы цæрджытæн радзырдта ног подрядон организацийы минæвар. Ныридæгæн бæрзонддæр систой электрон тыхдæттæг линитæ эстакадæйы сæрмæ, цæмæй йыл æдасæй цæуæн уа, уый тыххæй.

Ног фæндаг баиу кæндзæн Мичурины æмæ Кировыхъæуы фæндæгтæ Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен2 магистралыл. Стыр проекты фæрцы, ацы хайыл уыдзæн тагъддæр æмæ æнцондæр цæуын. Бынæттон цæрджытæ мæт кæнынц, цæмæй ацы хъуыддаг æрмæстдæр ныхæстыл ма баззайа, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania