21 июня 2023, 11:43
Космонавтикæйы скъолайы бахыгътой техникон сфæлдыстады æппæтадæмон конкурс «Бæллицты нау»-ы хатдзæгтæ
Мадзал баст у, скъолайы бындурæвæрæг Къомайты Русланы райгуырды бонимæ, стæй Планетарий байгом кæныны 60 азы юбилеимæ
Космонавтикæйы скъолайы бахыгътой техникон сфæлдыстады 2-æм æппæтадæмон конкурс «Бæллицты нау»-ы хатдзæгтæ. Мадзал баст у, скъолайы бындурæвæрæг Къомайты Русланы райгуырды бонимæ, стæй Планетарий байгом кæныны 60 азы юбилеимæ. Конкурсы архайдтой космонавтикæмæ йе ргом чи здахы, ахæм фæлтæр. 5 номинацийы – 47 куысты. Конкурсантты географи у уæрæх. Сæ проекттæ бацæттæ кодтой Уæрæсейы бирæ горæтты, æмæ ма суанг хæстæг фæсарæнты минæвæрттæ дæр. Скъолайы уазджыты размæ рахастой космосмæ фыццаг сылгоймаг атæхынимæ баст равдыст. Экспозицийыл бакуыста Уæрæсейы планетариты ассоциаци.
темæмæ гæсгæ